Revelation of John 3
Фыстӕг Сардисы аргъуанмӕ
1Сардисы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Хуыцауы авд уды ӕмӕ авд стъалыйы Кӕмӕ сты, Уый афтӕ зӕгъы: зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ; ды хӕссыс удӕгасы ном, фӕлӕ мард дӕ. 2Райхъал у ӕмӕ дӕм сӕфты къахыл цы лӕууы, уый сфидар кӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕз зонын, дӕ хъуыддӕгтӕ Мӕ Хуыцауы цӕсты ӕнаипп кӕй не сты, уый. a 3Уӕдӕ дӕ цӕуыл сахуыр кодтой ӕмӕ цы фехъуыстай, уый ӕрымыс, цӕр уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн. Куынӕ райхъал уай, уӕд дӕм Ӕз ӕрцӕудзынӕн хуыснӕгау, ӕмӕ Мын ды Ме’рцыды сахат нӕ базондзынӕ. b 4Уӕвгӕ дын Сардисы ис, йӕ дарӕс чи нӕ фӕчъизи кодта, цалдӕр ахӕм адӕймаджы. Уыдон урс-урсид дарӕсы цӕудзысты Мемӕ, уымӕн ӕмӕ уый аккаг сты. c 5Уӕлахиздзау уыдонау урс-урсид дарӕс скӕндзӕн, ӕмӕ йын йӕ ном царды чиныгӕй нӕ фесафдзынӕн. Мӕ Фыд ӕмӕ Йӕ зӕдты раз ӕй Ӕз банымайдзынӕн Мӕхионыл. d 6Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“.Фыстӕг Филадельфийы аргъуанмӕ
7Филадельфийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Сыгъдӕг ӕмӕ Ӕцӕг Чи у, Давиды дӕгъӕл Кӕмӕ ис, сӕхгӕнӕн ӕй куыд нӕ уа, афтӕ дуар Чи байгом кӕны ӕмӕ, байгом кӕнӕн ын куыд нӕ уа, афтӕ йӕ Чи сӕхгӕны, Уый: e 8зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ. Мӕнӕ дын Ӕз байгом кодтон дуар, ӕмӕ йӕ сӕхгӕнын никӕй бон бауыдзӕн. Дӕумӕ бирӕ тых нӕй, фӕлӕ уӕддӕр хъуыстай Мӕ ныхасмӕ ӕмӕ Мыл дӕхи нӕ атигъ кодтай. f 9Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый. 10Мӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, фӕразон кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ Ӕз бахиздзынӕн, зӕххон цӕрджыты бафӕлварынӕн ӕппӕт дунейы цы фыдӕвзарӕн рӕстӕг уыдзӕн, уымӕй. g 11Ӕз рӕхджы ӕрцӕудзынӕн. Цы дӕм ис, ууыл фидар хӕц, цӕмӕй дын дӕ хӕрзиуӕг мачи байса. h 12Уӕлахиздзауы скӕндзынӕн Мӕ Хуыцауы Кувӕндоны астӕуккаг цӕджындз, ӕмӕ дзы никуыуал рацӕудзӕн. Ныффысдзынӕн ыл Мӕ Хуыцауы ном, уӕларвӕй, Мӕ Хуыцауӕй, чи ӕрцӕудзӕн, Мӕ Хуыцауы уыцы ног сахары — Йерусалимы ном ӕмӕ Мӕ ног ном. i 13Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“.Фыстӕг Лаодикийы аргъуанмӕ
14Лаодикийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Аммен, иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ӕппӕт уыдоны Райдиан: j 15зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ. Ды нӕдӕр уазал дӕ, нӕдӕр тӕвд. О, фӕлтау уазал кӕнӕ тӕвд куы уаис! 16Тӕвд дӕр ӕмӕ уазал дӕр нӕ, фӕлӕ хъӕрмуст кӕй дӕ, уый тыххӕй дӕ Ӕз Мӕ дзыхӕй сӕппардзынӕн. 17Ды зӕгъыс, ӕз хъӕздыг дӕн, бирӕ мулк мӕм ис ӕмӕ ницы хъуаг ӕййафын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нӕ зоныс, мӕгуыр, кӕуинаг, гӕвзыкк, куырм ӕмӕ бӕгънӕг кӕй дӕ, уый. k 18Ӕз дын зӕгъын: арты чи ссыгъдӕг, ахӕм сыгъзӕрин балхӕн Мӕнӕй ӕмӕ схъӕздыг уай; ноджы ма балхӕн урс дарӕс, скӕн ӕй дӕ уӕлӕ ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинӕгтӕ мауал зыной. Цӕмӕй уынай, уый тыххӕй дӕр балхӕн хос Мӕнӕй ӕмӕ дзы дӕ цӕстытӕ байсӕрд. l 19Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл. m 20Мӕнӕ Ӕз дуармӕ лӕууын ӕмӕ хойын. Мӕ хъӕлӕс Мын чи фехъуса ӕмӕ дуар чи байгом кӕна, уымӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ йемӕ минас кӕндзынӕн, уый та — Мемӕ. n 21Уӕлахиздзауы Ӕз Мемӕ сбадын кӕндзынӕн Мӕ паддзахы бадӕны, Ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ Мӕ Фыдимӕ Йӕ бадӕны куыд сбадтӕн, афтӕ. o 22Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“».
Copyright information for
OssIBT2022