‏ Revelation of John 4

Цӕстылуайӕн паддзахы бадӕны тыххӕй

1Уый фӕстӕ ӕз федтон арвы дуар гомӕй. Ӕмӕ раздӕр кӕй фехъуыстон, сыкъауадындзы зӕлынау мемӕ цы хъӕлӕс ныхас кодта, уый мын загъта: «Ссу ардӕм, ӕмӕ дын Ӕз фенын кӕнон, фидӕны цы уыдзӕн, уый».

2Сыгъдӕг Уд мӕ уайсахат систа, ӕмӕ мӕнӕ мӕ разы паддзахы бадӕн уӕларвы, паддзахы бадӕны та федтон Бадӕджы. 3Уый тӕмӕнтӕ калдта зынаргъ дуртау — яшмӕ ӕмӕ сердоликау. Паддзахы бадӕны алыварс изумрудау ӕрттывта арвӕрдын. 4Паддзахы бадӕны алыварс — цыппар ӕмӕ ссӕдз паддзахы бадӕны. Уыцы бадӕнты бадтысты цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уыди сыл урс-урсид дарӕс, сӕ сӕртыл та — сыгъзӕрин кады худтӕ. a 5Паддзахы бадӕнӕй-иу рацыдис ӕрвӕрттывдтӕ, хъуысти дзы ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, паддзахы бадӕны раз сыгъдис авд цырагъы — уыдон сты Хуыцауы авд уды. b 6Паддзахы бадӕны раз уыдис цыдӕр — авджын денджызы хуызӕн, дзӕнхъайау ирд. Паддзахы бадӕн кӕм уыди, уыцы бынаты хӕдастӕу ӕмӕ йӕ алыварс уыди цыппар уӕларвон удгоймаджы бирӕ цӕстытимӕ, разӕй дӕр ӕмӕ фӕстейӕ дӕр. 7Фыццаг уӕларвон удгоймаг уыди домбайы хуызӕн, дыккаг удгоймаг — галы хуызӕн, ӕртыккаг удгоймагӕн йӕ цӕсгом уыдис адӕймаджы цӕсгомау, цыппӕрӕм удгоймаг та уыди тӕхгӕ цӕргӕсы хуызӕн. 8Цыппар уӕларвон удгоймагӕй алкӕмӕн дӕр уыди фӕйнӕ ӕхсӕз базыры; алырдыгӕй дӕр ӕмӕ сӕ базырты бын дӕр уыди бирӕ цӕстытӕ. Уыдон ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнӕрынцайгӕйӕ дзурынц: Уаз у, уаз у, уаз у
Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг,
«Чи уыд, Чи ис ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уый!» c

9Паддзахы бадӕны Бадӕгӕн, мыггагӕй-мыггагмӕ Цардӕгасӕн уыцы уӕларвон удгоймӕгтӕ намысы, кады ӕмӕ арфӕйы ныхӕстӕ куы фӕдзурынц, 10уӕд цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом вӕййынц паддзахы бадӕны Бадӕджы раз ӕмӕ бакувынц ӕнусӕй-ӕнустӕм Цардӕгасмӕ, сӕ кады худтӕ ӕрӕвӕрынц Йӕ паддзахы бадӕны раз ӕмӕ хъӕрӕй фӕзӕгъынц: 11«Ды цыт ӕмӕ кады аккаг дӕ,
нӕ тыхджын Дунедарӕг ӕмӕ нӕ Хуыцау,
уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Ды сфӕлдыстай,
ӕппӕт дӕр сфӕлдыстӕуыд
ӕмӕ ӕппӕт дӕр Дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис».
Copyright information for OssIBT2022