‏ Revelation of John 5

Чиныг ӕмӕ Хуыцауы Уӕрыкк

1Уӕд паддзахы бадӕны Бадӕджы рахиз къухы ӕз федтон, дыууӕрдыгӕй дӕр фыст кӕуыл уыд, ахӕм тухгӕ чиныг; ӕхгӕд уыдис авд мыхуырӕй. 2Ӕз федтон хъомысджын зӕды. Уый хъӕрӕй бафарста: «Чи у ацы чиныджы мыхуыртӕ асӕттыны ӕмӕ йӕ байгом кӕныны аккаг?»

3Ӕмӕ нӕдӕр уӕларвы, нӕдӕр зӕххыл, нӕдӕр зӕххы бын искӕй бон уыди чиныг байгом кӕнын ӕмӕ, цы фыст дзы ис, уый фенын. 4Ӕмӕ ӕз бирӕ фӕкуыдтон, уыцы чиныг байгом кӕныны ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый феныны аккаг кӕй ничи разынди, ууыл. 5Уӕд мын цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй иу загъта: «Ма ку, мӕнӕ фӕуӕлахиз Домбай, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, Давиды Ӕвзар. Уый асӕтдзӕн авд мыхуыры ӕмӕ байгом кӕндзӕн чиныг». a

6Ӕз федтон: Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу лӕууыд Уӕрыкк, Йӕ алыварс та — цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уӕрыккӕн уыди, цыма Йӕ нывондӕн ӕрхастӕуыд, ахӕм хуыз. Уыдис Ын авд сыкъайы ӕмӕ авд цӕсты — ӕппӕт зӕхмӕ кӕй рарвыстӕуыд, Хуыцауы уыцы авд уды. b

7Уӕрыкк ӕрбацыд ӕмӕ паддзахы бадӕны Бадӕджы рахиз къухӕй райста тухгӕ чиныг. 8Куы йӕ райста, уӕд цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом сты Уӕрыччы раз. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕндыр, стӕй будӕй йедзаг сыгъзӕрин будсудзӕнтӕ — сыгъдӕджыты куывдтытӕ.

9Уыдон зарыдысты ног зарӕг: «Ды дӕ чиныг райсыны
ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ сисыны аккаг!
Уымӕн ӕмӕ Дӕу ӕрхастӕуыди нывондӕн,
ӕмӕ Дӕ Тугӕй Ды Хуыцауӕн балхӕдтай адӕмты —
алы мыггаг ӕмӕ алы ӕвзаг,
алы адӕм ӕмӕ алы знӕмты ӕхсӕнӕй! c
10Скодтай сӕ паддзӕхтӕ,
нӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнджытӕ,
ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл». d

11Ӕз акастӕн ӕмӕ фехъуыстон, паддзахы бадӕны, цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры алыварс цы бирӕ зӕдтӕ уыди, уыдоны хъӕлӕс. Уыдон уыдысты ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ, мин-минтӕ e 12ӕмӕ хъӕрӕй дзырдтой: «Нывондӕн Кӕй ӕрхастӕуыд,
уыцы Уӕрыкк у кад, намыс
ӕмӕ арфӕйы аккаг;
Уый у тыхджын ӕмӕ хъӕздыг,
куырыхон ӕмӕ хъомысджын!»

13Ӕз фехъуыстон, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдон се’ппӕт дӕр — уӕларвыл, зӕххыл, зӕххы бын, денджызы — дун-дунейы чидӕриддӕр ис, уыдон цы дзырдтой, уый: «Паддзахы бадӕны Бадӕгӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн —
арфӕ, кад, намыс ӕмӕ ӕппӕт бартӕ
мыггагӕй-мыггагмӕ!»

14Цыппар уӕларвон удгоймаджы загътой: «Аммен». Цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры дӕр ныддӕлгом сты зӕххыл ӕмӕ бакуывтой, мыггагмӕ Цардӕгас Чи у, Уымӕн.
Copyright information for OssIBT2022