Revelation of John 6
Ӕхсӕз мыхуыры
1Ӕз федтон: Уӕрыкк авд мыхуырӕй асаста фыццаг, ӕмӕ фехъуыстон цыппар уӕларвон удгоймагӕй иуы хъӕлӕс, цыма арв ныннӕрыди, уыйау: «Рацу [ӕмӕ кӕс]». 2Ӕз федтон урс бӕх; йӕ барӕгмӕ уыдис ӕрдын. Кады худ ын лӕвӕрд ӕрцыд ӕмӕ уӕлахиздзауӕй рацыд, куыд фӕуӕлахиз уа, афтӕ. a 3Уӕрыкк дыккаг мыхуыр куы асаста, уӕд фехъуыстон, дыккаг уӕларвон удгоймаг цы загъта, уый: «Рацу [ӕмӕ кӕс]». 4Ӕмӕ рацыд ӕндӕр, ӕртхуыз бӕх; йӕ барӕгӕн лӕвӕрд ӕрцыд зӕххӕй сабырад айсыны бар, цӕмӕй марой кӕрӕдзи; ӕмӕ йӕм радтой стыр цирхъ. 5Уӕрыкк ӕртыккаг мыхуыр куы систа, уӕд фехъуыстон, ӕртыккаг уӕларвон удгоймаг цы загъта, уый: «Рацу [ӕмӕ кӕс]». Ӕз федтон сау бӕх; йӕ барӕджы къухы уыди барӕн. b 6Цыппар уӕларвон удгоймаджы кӕм уыдысты, уырдыгӕй мӕм райхъуысти адӕймаджы хъӕлӕсау: «Мӕнӕуы къус ▼▼Къус — бердзенаг ӕвзагыл ацы ран ис дзырд «хиникс» — 1 литры (600 граммы) бӕрц.
— динарыл, хъӕбӕрхоры ӕртӕ къусы динарыл, оливӕйы сой ӕмӕ сӕнӕн та знаггад ма ракӕн». 7Уӕрыкк цыппӕрӕм мыхуыр куы систа, уӕд фехъуыстон цыппӕрӕм уӕларвон удгоймаджы хъӕлӕс: «Рацу [ӕмӕ кӕс]». 8Ӕз федтон фӕлурс бӕх; йӕ барӕджы ном — мӕлӕт. Мӕрдтыбӕстӕ цыдис йӕ фӕдыл, ӕмӕ сын лӕвӕрд уыди зӕххы цыппӕрӕм хайыл карды ӕмӕ стонджы, рыны ӕмӕ зӕххон сырдты фӕрцы марыны бар. 9Уӕрыкк фӕндзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд нывондхӕссӕны бын федтон, Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕмӕ се’вдисӕнады тыххӕй кӕй амардӕуыд, уыдоны удтӕ. 10Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Уаз ӕмӕ Ӕцӕг Дунедарӕг, кӕдмӕ у Дӕ каст, зӕххон цӕрджытӕн тӕрхон цӕуылнӕ рахӕссыс ӕмӕ сӕ нӕ туг цӕуылнӕ райсыс?» d 11Уӕд уыдонӕй алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцыди урс-урсид дарӕс ӕмӕ сын загъдӕуыд, цӕмӕй ма банхъӕлмӕ кӕсой иу цасдӕр, зӕххыл ма уыдонау кӕй хъуамӕ амардӕуа, сӕ уыцы ӕмкусджытӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ цалынмӕ нымӕц баххӕст кӕной, уӕдмӕ. e 12Уӕрыкк ӕхсӕзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд ӕз федтон: зӕхх тынг нынкъуысти, хур сӕхъисау ныссау ис, мӕй та туджы хуызӕн сси. f 13Стъалытӕ арвӕй ӕрхаудысты зӕхмӕ, тыхджын дымгӕ легъуи бӕлас куы ныууигъы, уӕд йӕ цъӕх дыргътӕ куыд ӕрызгъӕлынц, уыйау. 14Арв тыхтонау ӕрбампылд ӕмӕ фӕцыдӕр. Алы хох ӕмӕ сакъадах дӕр йӕ бынатӕй фенкъуысыди. 15Зӕххон паддзӕхтӕ ӕмӕ стыр хицӕуттӕ, ӕфсӕддон разамонджытӕ ӕмӕ хъӕздгуытӕ, тыхджынтӕ, алы цагъар ӕмӕ алы сӕрибар дӕр бамбӕхстысты лӕгӕтты ӕмӕ хӕхты — къӕдзӕхты ӕхсӕн. 16Ӕмӕ дзурынц хӕхтӕн ӕмӕ къӕдзӕхтӕн: «Рафӕлдӕхут ныл ӕмӕ нӕ уӕ быны бамбӕхсут паддзахы бадӕны Бадӕгӕй ӕмӕ Уӕрыччы фыдӕхӕй. g 17Ралӕууыди Сӕ азары стыр бон, ӕмӕ йын чи бафӕраздзӕн?»
Copyright information for
OssIBT2022