Revelation of John 7
Сӕдӕ цыппор цыппар мин ӕвзӕрст израиладжы
1Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ ӕз федтон цыппар зӕды. Уыдон лӕууыдысты зӕххы цыппар кӕроны ӕмӕ хӕцыдысты цыппар зӕххон дымгӕйыл, нӕдӕр зӕххыл, нӕдӕр денджызыл, нӕдӕр бӕлӕстыл куыннӕ дымой, афтӕ. 2Ӕз федтон ӕндӕр зӕды дӕр. Уый скӕсӕнӕй ссӕйцыд, ӕмӕ йӕм уыди Цардӕгас Хуыцауы мыхуыр. Зӕд ныхъхъӕр кодта, зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн знаггад ракӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыцы цыппар зӕдмӕ: 3«Цалынмӕ нӕ Хуыцауы цагъарты тӕрныхтыл мыхуыр сӕвӕрӕм, уӕдмӕ знаггад ма ракӕнут нӕдӕр зӕххӕн, нӕдӕр денджызӕн, нӕдӕр бӕлӕстӕн». a 4Ӕз фехъуыстон, мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл ӕрцыд, уыдоны нымӕц: израилаг адӕмы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕй мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыди сӕдӕ цыппор цыппар миныл. 5Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыд дыууадӕс миныл;Рувимы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;
Гады хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;
6Асиры хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;
Неффалимы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;
Менассиайы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;
7Симеоны хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;
Левийы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;
Иссахары хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;
8Зевулоны хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;
Йосефы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;
Бениамины хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл.
Бирӕ адӕм урс-урсид дарӕсы
9Уый фӕстӕ ӕз федтон, нымайын дӕр кӕй ничи бафӕрӕзтаид, уый бӕрц дзыллӕ — алы адӕмыхӕттытӕ, алы мыггаг, алы адӕмтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕй; сӕ уӕлӕ — урс-урсид дарӕс, сӕ къухы — пальмӕйы къалиутӕ. Уыдон лӕууыдысты паддзахы бадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз b 10ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Паддзахы бадӕны Чи бады, нӕ уыцы Хуыцаумӕӕмӕ Уӕрыкмӕ — ирвӕзындзинад!» c
11Зӕдтӕ иууылдӕр лӕууыдысты паддзахы бадӕны, стӕй цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ӕмӕ цыппар уӕларвон удгоймаджы алыварс. Уыдон ныддӕлгом сты паддзахы бадӕны раз ӕмӕ куывтой Хуыцаумӕ: 12«Аммен! Кад ӕмӕ арфӕ,
уӕлзонд ӕмӕ арфӕтӕ,
намыс, тых ӕмӕ хъомыс
нӕ Хуыцаумӕ сты мыггагмӕ! Аммен!»
13Цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй мӕ иу бафарста: «Уӕртӕ урс-урсид дарӕс кӕуыл ис, уыдон чи сты ӕмӕ кӕцӕй ӕрцыдысты?» 14Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме’лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй. d 15Уымӕн лӕууынц Хуыцауы бадӕны раз
ӕмӕ Йын ӕхсӕвӕй-бонӕй
лӕггад кӕнынц Йӕ Кувӕндоны,
ӕмӕ сӕ паддзахы бадӕны Бадӕг
бакӕндзӕни Йӕ дӕлбазыр. e
16Уыдон нал ӕвзардзысты
нӕдӕр стонг, нӕдӕр дойны,
хур сӕ нал судздзӕн,
ӕмӕ сӕ ӕнтӕф нал бахъыгдардзӕн.
17Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕм бады,
уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис,
Уый сӕ хиздзӕн ӕмӕ сӕ акӕндзӕни
царддӕттӕг суадӕттӕм,
ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй
ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг». f
Copyright information for
OssIBT2022