Revelation of John 8
Ӕвдӕм мыхуыр
1Уӕрыкк ӕвдӕм мыхуыр куы систа, уӕд сахаты ӕрдӕджы бӕрц уӕларвы иу сыбыртт дӕр нал райхъуыст. 2Ӕмӕ ӕз федтон Хуыцауы раз лӕууӕг авд зӕды; уыдонмӕ лӕвӕрд ӕрцыд авд сыкъауадындзы. a 3Ӕрбацыд ӕндӕр зӕд сыгъзӕрин будсудзӕнимӕ ӕмӕ ӕрлӕууыд нывондхӕссӕны раз. Бирӕ буд ын лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй йӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты куывдтытимӕ ӕрӕвӕра, паддзахы бадӕны раз цы сыгъзӕрин нывондхӕссӕн уыди, ууыл. b 4Буды фӕздӕг сыгъдӕджыты куывдтытимӕ зӕды къухӕй фӕцыд хӕрдмӕ, Хуыцаумӕ. 5Зӕд райста будсудзӕн, байдзаг ӕй кодта нывондхӕссӕны цӕхӕрӕй ӕмӕ йӕ фехста зӕхмӕ. Райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, арв нырттывта, ӕмӕ зӕхх нынкъуысти. cӔхсӕз сыкъауадындзы
6Уӕд, авд сыкъауадындзы кӕмӕ уыди, уыцы авд зӕды сӕхи ӕрцӕттӕ кодтой сыкъауадындзтӕй уасынмӕ. 7Фыццаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ зӕххыл ныууарыдысты их ӕмӕ арт тугӕмхӕццӕйӕ. Басыгъд зӕххы ӕртыццаг хай, басыгъд бӕлӕсты ӕртыццаг хай, басыгъд цъӕх кӕрдӕг ӕгасӕй дӕр. 8Дыккаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ стыр хохы хуызӕн цыдӕр, пиллон арт уадзгӕйӕ, денджызы ныххауди, ӕмӕ денджызы ӕртыццаг хай туг фестад. 9Денджызы удӕгасӕй цы уыд, уыдонӕн амард се’ртыццаг хай, бабын ис науты ӕртыццаг хай. 10Ӕртыккаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ арвӕй судзгӕ цырагъау рахауди стыр стъалы, цӕугӕдӕтты ӕртыццаг хайы ӕмӕ суадӕтты ныххауди. 11Уыцы стъалыйы ном у Скъӕлдзой. Цӕугӕдӕтты ӕртыццаг хай скъӕлдзойау смаст ис, ӕмӕ уыцы маст донӕй бирӕ адӕм фӕцагъды сты. 12Цыппӕрӕм зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ хуры ӕртыццаг хай, мӕйы ӕртыццаг хай, стӕй стъалыты ӕртыццаг хай ныттар ис. Сӕ рухс афтӕ бамынӕг, ӕмӕ боны, стӕй ӕхсӕвы ӕртыццаг хай дӕр уыди талынг. 13Ӕз федтон иу цӕргӕсы уӕлиӕутты тӕхгӕ ӕмӕ фехъуыстон, хъӕрӕй цы дзырдта, уый: «Сыкъауадындзтӕй ма цы ӕртӕ зӕды ныууасдзысты, уыдоны уастӕй бӕллӕх, бӕллӕх, бӕллӕх ӕрцӕудзӕн зӕххон цӕрджытыл!»
Copyright information for
OssIBT2022