Revelation of John 9
1Фӕндзӕм зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ ӕз федтон, арвӕй зӕхмӕ цы стъалы ӕрхауди, уый, ӕмӕ уымӕ лӕвӕрд ӕрцыд дӕлдзӕхы дӕгъӕл. 2Стъалы байгом кодта дӕлдзӕхы дуар ӕмӕ, стыр пецӕй рацӕуӕгау, уырдыгӕй ракалди фӕздӕг; дӕлдзӕхы фӕздӕгӕй хур ӕмӕ уӕлдӕф ныттар сты. 3Фӕздӕгӕй зӕхмӕ рацыдысты мӕтыхтӕ, ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд зӕххон къӕдздымты тых. 4Уыдонӕн бафӕдзӕхстӕуыд, цӕмӕй знаггад ма кӕной нӕдӕр зӕххон кӕрдӕгӕн, нӕдӕр зайӕгхалӕн, нӕдӕр бӕлӕстӕн, фӕлӕ — йӕ тӕрныхыл Хуыцауы мыхуыр ӕвӕрд кӕмӕн нӕй, ӕрмӕст уыцы адӕмӕн. a 5Мӕтыхтӕн фӕдзӕхст уыдис адӕмы марын нӕ, фӕлӕ сӕ фондз мӕйы дӕргъы удхары бафтауын. Ӕмӕ адӕм удхар кӕндзысты, къӕдздым йӕ фат куы фӕсадзы, уӕд адӕймаг куыд фӕудхар кӕны, афтӕ. 6Уыцы бонты адӕм сӕхӕдӕг агурдзысты мӕлӕт, фӕлӕ йӕ не ссардзысты. Мӕлӕтмӕ бӕлдзысты, фӕлӕ йӕ нӕ фендзысты. b 7Мӕтыхтӕ уыдысты хӕстмӕ ифтонг бӕхты хуызӕн. Сӕ сӕртыл — сыгъзӕрин кады худты хуызӕттӕ, сӕ цӕсгӕмттӕ — адӕймаджы цӕсгомы хуызӕн, 8сӕ сӕрыхъуынтӕ — сылгоймаджы сӕрыхъуынтау даргъ, сӕ дӕндӕгтӕ — домбайы дӕндӕгтау. 9Сӕ гуырыл уыди згъӕрӕфтыды хуызӕн, сӕ базырты уынӕр та уыди, бирӕ бӕхтӕ хӕстмӕ куы фезгъорынц, уӕд сӕ уӕрдӕттӕ куыд фӕгыбар-гыбур кӕнынц, уыйау. 10Мӕтыхты къӕдзилтӕ ӕмӕ сӕ марг фатӕвзӕгтӕ уыдысты къӕдздымты ӕнгӕс, ӕмӕ сӕм уыд адӕмӕн фондз мӕйы дӕргъы знаггад кӕныны тых. 11Сӕ паддзах уыди дӕлдзӕхы зӕд. Дзуттагау йӕ ном — Аваддон, бердзенагау та — Аполлион ▼▼Бынгӕнӕг.
. 12Ахицӕн иу бӕллӕх, ӕмӕ ма йӕ фӕстӕ ноджыдӕр ӕрбацӕуы дыууӕ бӕллӕхы. 13Ӕхсӕзӕм зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ мӕм, Хуыцауы раз цы сыгъзӕрин нывондхӕссӕн уыди, уымӕн йӕ цыппар сыкъайӕ райхъуысти хъӕлӕс. 14Сыкъауадындз цы ӕхсӕзӕм зӕдмӕ уыди, уымӕн уыцы хъӕлӕс загъта: «Евфраты стыр доны цур баст чи у, уыцы цыппар зӕды суӕгъд кӕн». 15Бӕлвырд сахат ӕмӕ бонмӕ, мӕй ӕмӕ азмӕ цы цыппар зӕды ӕрцӕттӕ чындӕуыд, уыдон уӕгъдгонд ӕрцыдысты адӕмы ӕртыццаг хай амарынмӕ. 16Ӕз фехъуыстон бӕхджын ӕфсады нымӕц — уый уыди дыууӕсӕдӕ милуаны. 17Мӕнӕн равдыстӕуыд бӕхты сӕ барджытимӕ, ӕмӕ сӕ федтон ахӕм хуызы: барджытыл уыди зынгхуыз, сапфирау тарцъӕх ӕмӕ сондонау бур згъӕрӕфтыд; бӕхты сӕртӕ уыдысты домбӕйтты сӕрты хуызӕн, сӕ комӕй калди арт, фӕздӕг ӕмӕ сондон. 18Ӕмӕ сӕ комӕй цы ӕртӕ рыны калди — арт, фӕздӕг ӕмӕ сондон — уыдонӕй адӕмы ӕртыццаг хай амард. 19Уымӕн ӕмӕ бӕхтӕн сӕ хъару уыди сӕ комы ӕмӕ сӕ къӕдзилты. Сӕ къӕдзилтӕ та уыдысты кӕлмыты ӕнгӕс, уыди сын сӕртӕ, ӕмӕ уыцы сӕртӕй знаггад кодтой адӕмӕн. 20Ацы рынтӕй чи нӕ амард, уыцы адӕммӕ та фӕсмон не’рцыд ӕмӕ нӕ ныууагътой дӕлимонтӕм ӕмӕ, сӕхӕдӕг къухӕй кӕй скодтой, нӕдӕр уынгӕ, нӕдӕр хъусгӕ, нӕдӕр цӕугӕ чи нӕ кӕны, сӕ уыцы сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, дурын ӕмӕ хъӕдын гуымирытӕм кувын. 21Не’рфӕсмон кодтой, лӕгмартӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, хъахбайтӕ ӕмӕ давджытӕ кӕй уыдысты, ууыл.
Copyright information for
OssIBT2022