Romans 1
1Павелӕй, Хуыцау кӕмӕ фӕсидти ӕмӕ Йӕ Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕссын кӕмӕн бахӕс кодта, Йесо Чырыстийы уыцы цагъар ӕмӕ апостолӕй. a 2Уыцы Фарны Уацӕй Хуыцау Йӕ пехуымпарты фӕрцы развӕлгъау зӕрдӕ ӕвӕрдта Сыгъдӕг Фысты. b 3Уый у Йӕ Фырты Фарны Уац. Йӕ равзӕрдмӕ гӕсгӕ Уый уыди Давиды байзӕддаг, c 4фӕлӕ, Хуыцауы Фырт кӕй у, уый ӕвдыст ӕрцыди Йӕ тыхӕй, Сыгъдӕг Уды архайдӕй, мӕрдтӕй райгасӕй; Уый у нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти. 5Йесойы фӕрцы ӕз сдӕн апостол, цӕмӕй Йӕ номы сӕраппонд ӕппӕт адӕмты минӕвӕртты баууӕндын кӕнон Хуыцауыл. d 6Сымах дӕр, Йесо Чырыстийы сиддонтӕ, уыцы адӕмӕй стут. 7Ӕз сидын, Хуыцау кӕй бауарзта ӕмӕ кӕй ӕрхуыдта, Ромы уыцы сыгъдӕджытӕм се’ппӕтмӕ дӕр. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ. eПавелы тырнындзинад Ромы аргъуан бабӕрӕг кӕнынмӕ
8Фыццаджыдӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн уе’ппӕты тыххӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейӕн уӕ уырнындзинад зындгонд у. 9Хуыцау мын ӕвдисӕн — Йӕ Фырты Фарны Уац Ын адӕммӕ фӕхӕссыныл архайын ӕппӕт зӕрдӕйӕ, — мӕ куывдтыты уӕ ӕрымысын ӕдзухдӕр f 10ӕмӕ иудадзыг курын, кӕд Хуыцауӕн фӕндиаг уа, уӕд мын, ӕппынфӕстаг, куыд бантыса сымахмӕ фӕцӕуын. 11Уӕ уындмӕ тынг бӕллын, цӕмӕй уын, Сыгъдӕг Уд мын цы ралӕвар кодта, уымӕй бахай кӕнон ӕмӕ сфидар уат. g 12Ома кӕрӕдзийы сфидар кӕнӕм нӕ иумӕйаг уырнындзинадӕй, ӕз — уӕ уырнындзинадӕй, сымах — мӕ уырнындзинадӕй. 13Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз уӕм бирӕ хӕттыты кӕй хъавыдтӕн фӕцӕуынмӕ, фӕлӕ мӕ нырмӕ цыдӕр аххосӕгтӕ кӕй къуылымпы кодтой, иннӕ адӕмтӕм мын куыд бантыст, сымахмӕ дӕр мӕ тауинагӕй ахӕм тыллӕг райсын. 14Ӕз хӕсджын дӕн бердзенӕгтӕй ▼▼Павел ам бердзенӕгтӕ хоны ӕрмӕст бердзенаг адӕмы нӕ, фӕлӕ, сӕ культурӕ ӕмӕ се’взаг кӕуыл фӕзындысты, уыцы адӕмы, уыдонимӕ ромӕгты дӕр.
дӕр ӕмӕ гуымиры адӕмтӕй дӕр, ахуыргонд адӕмтӕй дӕр ӕмӕ ницыфенджытӕй дӕр. i 15Уымӕ гӕсгӕ, ромӕгтӕ, цӕттӕ дӕн сымахӕн дӕр Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ. Фарны Уацы мидис цыбырӕй
16Фарны Уацы тыххӕй ӕз къӕмдзӕстыг нӕ дӕн. Уымӕн ӕмӕ уый алы уырнӕгӕн дӕр, фыццаджыдӕр уал иудейагӕн, уый фӕстӕ та муртаттагӕн, ирвӕзын ӕй чи кӕны, Хуыцауы уыцы тых у. j 17Фарны Уац куыд ӕргом кӕны, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы раст кӕны, куы Йыл баууӕнды, ӕрмӕстдӕр уӕд. Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни». kӔппӕт адӕмы азым Хуыцауы раз
18Уӕларвӕй ӕргомгонд цӕуы: Хуыцауы ӕцӕгад фыдӕхӕй ссӕндӕг адӕм сӕ ӕнӕхуыцау митӕ ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй баййафдзысты Хуыцауы азар. 19Хуыцауы тыххӕй цы базонӕн ис, уый сын ӕргом у, уымӕн ӕмӕ сын ӕй Хуыцау раргом кодта. 20Ӕмӕ сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, Хуыцауы уыцы мыггагмӕйы тых ӕмӕ Йӕ ӕрдзыхъӕд дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ бӕлвырд сты, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд. 21Хуыцауы бӕргӕ базыдтой, фӕлӕ Хуыцауӕн, цы кад Ын ӕмбӕлы, ахӕм кад не скодтой ӕмӕ Дзы бузныг нӕ уыдысты. Сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ӕмӕ се’нӕмбаргӕ зӕрдӕтыл саудалынг ӕртыхсти. l 22Сӕхи зондджынтӕ хонынц, фӕлӕ сӕ зонд фӕцыди, 23ӕмӕ Ӕнӕмӕлгӕ Хуыцаумӕ кувыны бӕсты кувынц, адӕймагау мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, мӕргътӕ, цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ хилджыты уыцы фӕлгонцтӕм. 24Уыдон сӕхӕдӕг ӕлгъаг кӕнынц сӕ буар, ӕмӕ сӕ уымӕн ныууагъта Хуыцау сӕ зӕрдӕты чъизи монцты ӕвджид. 25Хуыцауы ӕцӕгад уыдон баивтой мӕнгдзинадӕй, кувынц ӕмӕ лӕггад кӕнынц фӕлдисондӕн, ӕнусмӕ арфӕгонд Чи у, уыцы Сфӕлдисӕджы бӕсты. Аммен. 26Уымӕн сӕ ныууагъта Хуыцау ӕлгъаг монцты ӕвджид. Сӕ сылгоймӕгтӕ лӕгимӕ цӕрыны ӕрдзон ӕгъдау баивтой, ӕрдзон чи нӕу, ахӕм ӕгъдауӕй. 27Афтӕ нӕлгоймӕгтӕ дӕр, сылгоймагимӕ цӕрыны ӕрдзон ӕгъдауыл сӕ къух сисгӕйӕ, мондаг кӕнынц кӕрӕдзимӕ. Нӕлгоймӕгтӕ ӕлгъаг митӕ кӕнынц нӕлгоймӕгтимӕ, сӕ хӕлды аккаг ӕфхӕрдмӕ тырнынц. 28Хуыцауы базонын сӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау сӕ галиу зонды ӕвджид ныууагъта, ӕмӕ, цы не’мбӕлы, уый кӕнынц. m 29Сӕ тӕригъӕдтӕ бӕстыл нӕ цӕуынц, сты хӕлд, фыдзӕрдӕ, кӕрӕф, хӕлӕггӕнаг, лӕгмар; ӕмхиц сты хъаугъамӕ, фӕливынмӕ, хӕрам кӕнынмӕ, хахуырмӕ; 30сты маргӕвзаг, Хуыцау сын ӕнӕуынон у, сты ӕдзӕсгом, схъӕл, хиппӕлой, фыдбылыз саразынмӕ дӕсны, ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсынц; 31сты ӕнӕмбаргӕ, ӕнӕууӕнк, саузӕрдӕ, ӕгъатыр. 32Афтӕ чи кӕны, уыдонмӕ, Хуыцауы раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ, мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зонынц, фӕлӕ уӕддӕр сӕ хъуыддӕгтӕ нӕ уадзынц. Уый нӕ, фӕлӕ ма, ахӕм митыл чи бафтыди, уыдонӕй дӕр ӕппӕлынц.
Copyright information for
OssIBT2022