‏ Romans 10

1Ӕфсымӕртӕ, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг у, цӕмӕй израилӕгтӕ фервӕзой — уый тыххӕй ӕз кувын Хуыцаумӕ.

2Хуыцауыл ӕнувыд кӕй сты, уымӕн ӕз мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн, фӕлӕ сын зонындзинӕдтӕ нӕ фаг кӕны. 3Уыдон нӕ зыдтой, Хуыцау адӕймаджы куыд раст кӕны, уый ӕмӕ архайдтой сӕхи сраст кӕнынӕн сӕхи фӕндаг ссарыныл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ басастысты Хуыцауы рӕстадӕн. a 4Чырысти та кӕрон скодта Ӕгъдауӕн, цӕмӕй алы уырнӕг дӕр Хуыцауы раз сраст уа.

Ӕппӕт адӕмы фервӕзыны мадзал

5Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ адӕймаг куыд сраст вӕййы, уый тыххӕй Моисей афтӕ фыссы: «Чи йӕ ӕххӕст кӕна, уый цӕрдзӕни йӕ фӕрцы». b 6Уырнындзинады фӕрцы та адӕймаг куыд сраст вӕййы, уый тыххӕй Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Дӕхи макуы бафӕрс: „Уӕларвмӕ чи ссӕудзӕн?“» (ома Чырыстийы зӕхмӕ ӕркӕнынмӕ). 7«Кӕнӕ: „Чи ныххиздзӕн дӕлдзӕхмӕ?“» (ома Чырыстийы мӕрдтӕй растын кӕнынмӕ). 8Сыгъдӕг Фыст мӕнӕ цы зӕгъы: «Хуыцауы Дзырд дӕм хӕстӕг у,
дӕ дӕлӕвзаг ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы рӕбын ис».

Уый у, уырнындзинады тыххӕй мах кӕй хъусын кӕнӕм, уыцы ныхас:
9Йесо Бардарӕг кӕй у, уый тыххӕй ӕргомӕй куы дзурай, ӕмӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, ууыл зӕрдӕйӕ куы ӕууӕндай, уӕд фервӕздзынӕ. c 10Уымӕн ӕмӕ, уырнындзинад йӕ зӕрдӕйӕ кӕмӕн цӕуы, уый схайджын вӕййы рӕстадӕй, ӕмӕ йыл ӕргомӕй чи дзуры, уый ирвӕзындзинад райсдзӕн.

11Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Чидӕриддӕр Ыл ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕн». 12Ам иудейаг ӕмӕ муртаттаг сӕ кӕрӕдзийӕ ницӕмӕй хицӕн кӕнынц — дыууӕтӕн дӕр иу Бардарӕг ис, ӕмӕ рӕдауӕй дӕтты, Йӕ ном Ын чидӕриддӕр ссара, уыдонӕн. d 13Уымӕн ӕмӕ «Бардарӕджы ном чидӕриддӕр ссара, уый фервӕздзӕн». e

14Фӕлӕ Кӕуыл нӕ баууӕндыдысты, Уый ном куыд ссарой? Кӕй тыххӕй нӕ фехъуыстой, Ууыл куыд баууӕндой? Куыд фехъусой, куы ничи сын хъусын кӕна, уӕд? 15Ӕмӕ куыд фехъусын кӕной, куынӕ сӕ арвыстӕуа, уӕд? Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Куыд рӕсугъд, куыд аив сты йӕ къахдзӕфтӕ, Фарны Уац чи хӕссы, уымӕн!» 16Фӕлӕ се’ппӕт Фарны Уацыл нӕ баууӕндыдысты. Уый тыххӕй Исайа зӕгъы: «Дунедарӕг, махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд?» f

17Уӕдӕ уырнындзинад у фехъусынӕй, хъусгӕ та хъуамӕ Хуыцауы ныхас фӕкӕнай. 18Фӕлӕ фӕрсын: нӕ йӕ фехъуыстой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фехъуыстой. Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Ӕппӕт зӕххыл азӕлы сӕ хъӕлӕс,
ӕмӕ сӕ ныхас айхъуысти
дунейы иу кӕронӕй иннӕмӕ». g

19Ноджы ма фӕрсын: Израил уый нӕ зыдта? Фыццаг ӕй Моисей куы зӕгъы: «Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн,
ӕмӕ хӕлӕг кӕндзыстут,
адӕм схонӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдонмӕ;
ӕнӕзонд адӕммӕ мӕстӕй судздзыстут». h

20Исайа та ныфсджындӕрӕй зӕгъы: «Чи Мӕ нӕ агуырдта, уыдон Мӕ ссардтой;
Ӕз раргом дӕн,
чи Мӕм нӕ тырныдта, уыдонмӕ».

21Израилы тыххӕй та зӕгъы: «Алы бон дӕр, мӕ цӕнгтӕ сӕм даргӕйӕ, сидтӕн ӕгоммӕгӕс ӕмӕ хивӕнд адӕммӕ».
Copyright information for OssIBT2022