Romans 11
Хуыцау нӕ ныууагъта Йӕ адӕмы
1Уӕдӕ уӕ фӕрсын: ау, Хуыцау ныууагъта Йӕ адӕмы? Ницы хуызы! Ӕз мӕхӕдӕг дӕр израилаг дӕн, Авраамы байзӕддаг, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй. a 2Хуыцау рагагъоммӕ кӕй базыдта, Йӕ уыцы адӕмы нӕ ныууагъта. Куы йӕ зонут Сыгъдӕг Фыстӕй, Илийа израилӕгтыл Хуыцаумӕ куыд бахъаст кодта, уый: 3«Дунедарӕг, Дӕ пехуымпарты Дын амардтой, Дӕ нывондхӕссӕнтӕ Дын ныппырх кодтой; иунӕг ӕз ма баззадтӕн, ӕмӕ мӕн дӕр амарынмӕ хъавынц». 4Цы дзуапп ын радта Хуыцау? «Ӕз Мӕхицӕн ныууагътон, Баалы раз сӕ зонгуытыл чи не’рлӕууыд, уыцы авд мин адӕймаджы». 5Афтӕ ныр дӕр — ис, Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ кӕй сӕвзӕрста, ахӕм адӕм. 6Ӕмӕ сӕ Хуыцау кӕд Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ сӕвзӕрста, уӕд сӕ хъуыддӕгтӕ нымад не сты, науӕд хорзӕх нал уаид хорзӕх. b 7Уӕдӕ цы зӕгъӕн ис? Израил цӕмӕ тырныдта, уый нӕ райста. Ӕвзӕрстытӕ йӕ райстой, иннӕтӕн та сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты, 8Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хуыцау сӕ скодта ӕнӕмбаргӕ,ӕмӕ абоны онг дӕр
цӕстӕй нӕ уынынц
ӕмӕ хъусӕй нӕ хъусынц». c
9Давид та зӕгъы: «Сӕ минасы фынгтӕ сын фестӕнт
ахсӕн хызтӕ ӕмӕ къӕппӕг,
уадз ӕмӕ дзы бахауой
ӕмӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафыстӕуа.
10Баталынг уӕд сӕ цӕстырухс, цӕмӕй ма уыной,
сӕ фӕсонтӕ ныггуыбыр уӕнт мыггагмӕ».
Ирвӕзындзинад муртаттӕгтӕн
11Фӕрсын: ау, израилӕгтӕ афтӕ фӕкалдысты, ӕмӕ мауал сыстой? Ницы хуызы! Фӕлӕ сӕ фӕкалд ирвӕзындзинад ӕрхаста муртаттӕгтӕн, цӕмӕй сӕм израилӕгтӕ хӕлӕг кӕной. d 12Кӕд израилӕгтӕ, кӕй фӕкалдысты, уымӕй ӕрхастой хъӕздыгад дунейӕн, кӕд сӕ мӕгуырдзинад схъӕздыг кодта муртаттӕгты, уӕд, се’ппӕт Хуыцаумӕ куы раздӕхой, уый фӕстӕ уагӕры цас ӕмӕ цас хорзӕх ӕрхӕсдзысты! 13Сымахӕн, муртаттӕгтӕн, зӕгъын: куыд муртаттӕгты апостол, афтӕ ӕз буц дӕн, мӕ бӕрны цы куыст ис, уымӕй. 14Уыцы куысты фӕрцы кӕд мӕ бон бауид, мӕ туг, ме стӕг чи у, уыдоны муртаттӕгтӕм хӕлӕгыл бафтауын ӕмӕ дзы уӕд та иуӕй-иуты фервӕзын кӕнын. e 15Кӕд, Хуыцау сыл Йӕхи кӕй атигъ кодта, уый фӕрцы ӕгас дуне Хуыцауимӕ бафидыдта, уӕд сӕм Хуыцау ногӕй Йе’ргом куы раздаха, уӕд уый та цы уыдзӕн? Мӕрдтӕй райгас нӕ уыдзӕн, ӕви? f 16Кӕд хоры сӕрӕн йӕ фыццаг дзул Хуыцауы у, уӕд дзултӕ иууылдӕр Хуыцауы сты. Кӕд уидаг Хуыцауы у, уӕд къалиутӕ дӕр Хуыцауы сты. 17Кӕд къалиутӕй иуӕй-иутӕ асастысты, дӕу та, хъӕддаг оливӕ бӕлас, сӕ бынаты бафтыдӕуыд ӕмӕ сой цъирыс бӕласы уидагӕй, g 18уӕд иннӕ къалиутӕм сӕрбӕрзондӕй ма кӕс. Кӕд сӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсыс, уӕд та дӕ рох ма уӕд: уидагыл ды нӕ хӕцыс — уидаг хӕцы дӕуыл. h 19Ды зӕгъдзынӕ: «Къалиутӕ уымӕн асастысты, цӕмӕй мӕн сӕ бынаты бафтыдӕуа». 20Афтӕ у. Уыдон асастысты, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыди, уый тыххӕй, ды та дӕ уырнындзинады фӕрцы фидар дӕ. Ӕмӕ сӕрыстыр ма у, фӕлӕ дӕм тас уӕд. 21Хуыцау ӕрдзон къалиутыл кӕм нӕ бацауӕрста, уым дӕуыл бацауӕрддзӕн? 22Дӕ зӕрдыл дар: Хуыцау фӕлмӕн дӕр у ӕмӕ карз дӕр у. Чи Йӕ ныууагъта, уыдонӕн карз у, дӕуӕн та — фӕлмӕн, Йӕ хорзӕхыл Ын куы хӕцай, уӕд. Науӕд дӕу дӕр акъуырдзӕн. i 23Фӕлӕ уыдон дӕр хивӕнд куынӕ уой ӕмӕ куы баууӕндой, уӕд та сӕ бафтыдӕуыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн Йӕ бон у бӕласыл сӕ ногӕй бафтауын. 24Кӕд дӕу хъӕддаг оливӕ бӕласӕй акъуырдӕуыд ӕмӕ, ӕрдзы куыд нӕ вӕййы, афтӕ дӕ бафтыдӕуыд дыргъдоны оливӕ бӕласыл, уӕд йӕ ӕрдзон къалиутӕ та цас хуыздӕр бафтдзысты сӕхи оливӕ бӕласыл!Израил фӕстагмӕ фервӕздзӕн
25Фӕнды мӕ, ӕфсымӕртӕ, сымахӕн ацы сусӕгдзинад раргом кӕнын, цӕмӕй уӕхицӕй ма ныббуц уат: Израилы иу хай нӕ басӕтдзӕн, цалынмӕ муртаттӕгтӕй, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц Хуыцаумӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ. j 26Ӕмӕ уӕд ӕгас Израил фервӕздзӕн, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Сионӕй ӕрцӕудзӕн Ирвӕзынгӕнӕгӕмӕ Йаковы байзӕддӕгты
суӕгъд кӕндзӕн сӕ фыдракӕндтӕй.
27Ӕмӕ афтӕмӕй Ӕз семӕ
сфидар кӕндзынӕн Мӕ Фидыд,
сӕ тӕригъӕдтӕй сӕ
куы ссыгъдӕг кӕнон, уӕд». k
28Фарны Уацыл кӕй не’ууӕндынц, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы знӕгтӕ сты, ӕмӕ уый уӕ пайдайӕн у. Фӕлӕ уыдон ӕвзӕрст адӕм сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау уарзы сӕ рагфыдӕлты тыххӕй. 29Хуыцауы лӕвӕрттӕ ӕмӕ сидт ӕнӕивгӕ сты. 30Сымах, муртаттӕгтӕ, кӕддӕр Хуыцауы коммӕ нӕ кастыстут, фӕлӕ уын уыдоны ӕнӕбасӕттоны тыххӕй ныр уый барст ӕрцыд, l 31афтӕ уыдон дӕр: сымахӕн кӕй ныббарстӕуыд, уый тыххӕй сты абон ӕнӕсӕттон, цӕмӕй сӕхицӕн дӕр барст ӕрцӕуа. 32Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕппӕт адӕмы хивӕнддзинадӕн уацайрӕгтӕ скодта, цӕмӕй ныббара се’ппӕтӕн дӕр. m
Кад Хуыцауӕн!
33Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ! 34«Дунедарӕджы зонд чи базыдта?Чи Йын уыди уынаффӕгӕнӕг? n
35Кӕнӕ Хуыцауӕн чи цы радта,
цӕмӕй йын ӕй Хуыцау фӕстӕмӕ бафида?»
36Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Хуыцау сфӕлдыста, ӕппӕт дӕр цӕры Йӕ фӕрцы ӕмӕ Уымӕн. Кад Ын уӕд мыггагмӕ! Аммен.
Copyright information for
OssIBT2022