‏ Romans 13

Хицӕутты тыххӕй

1Алы адӕймаг дӕр уӕлдӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд, уымӕн ӕмӕ хицаудзинад кӕддӕриддӕр Хуыцауӕй лӕвӕрд у, ӕмӕ, цы хицауӕдтӕ ис, уыдон иууылдӕр Хуыцауы ӕвӕрд сты. a 2Уымӕ гӕсгӕ хицауадмӕ ныхмӕ лӕууӕг Хуыцауы уагӕвӕрды ныхмӕ цӕуы. Ахӕмтӕ сӕхӕдӕг сӕхи тӕрхойнаг фӕкӕндзысты. 3Хицӕуттӕй тӕссаг у, хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн нӕ, фӕлӕ, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн. Фӕнды дӕ, цӕмӕй хицауадӕй ма тӕрсай, уый? Араз хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ дӕ хицауад разы уыдзӕн. b 4Уымӕн ӕмӕ хицау Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ дӕ фарнӕн кусы. Кӕд ӕвзӕр митӕ кӕныс, уӕд дзы тӕрс — цирхъ дзӕгъӕлы нӕ дары, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ ӕфхӕры, ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыдоны. 5Уӕдӕ коммӕ кӕсын хъӕуы канд ӕфхӕрд баййафыны тасӕй нӕ, фӕлӕ ӕфсӕрмӕй дӕр. 6Сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, хицӕуттӕ Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнынц, сымах хъалон дӕр уымӕ гӕсгӕ фидут. 7Уӕдӕ, кӕмӕн цы ӕмбӕлы, уый йын дӕттут: хъалон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн — хъалон, фиддон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн — фиддон, нымайын кӕй ӕмбӕлы, уый нымайут, кад кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн кӕнут кад. c

Ӕфсымӕрон уарзондзинад

8Кӕрӕдзийы уарзынӕй дарддӕр макӕмӕй мацы хӕс дарут. Уымӕн ӕмӕ, иннӕйы чи уарзы, уый Ӕгъдау сӕххӕст кодта. d 9«Ма хӕт», «Ма амар», «Ма дав», [«Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу»], «Дӕу цы нӕу, уымӕ ма бабӕлл», — уыцы фӕдзӕхстытӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр сӕ мидис мӕнӕ ацы ныхӕсты ис: «Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз». e 10Уарзондзинад искӕй хъыджы нӕ цӕуы. Уымӕ гӕсгӕ уарзын нысан кӕны Ӕгъдау ӕххӕст кӕнын.

Чырыстийы ӕрцӕуынмӕ бирӕ рӕстӕг нал ис

11Ныридӕгӕн махӕн нӕ фынӕйӕ райхъалы афон кӕй ралӕууыд, уый дӕр уын зындгонд у. Уымӕн ӕмӕ нӕм, куы баууӕндыдыстӕм, уӕдӕй ныр ирвӕзындзинад ӕввахсдӕр у. f 12Ӕхсӕв фӕивгъуыйы, бон та ӕрбахӕстӕг ис. Уӕдӕ ныууадзӕм талынджы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нӕхи сифтонг кӕнӕм рухсы хотыхтӕй. g 13Боны рухсмӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ хӕдӕфсармӕй цӕрӕм. Ма бафтӕм фыднозт ӕмӕ ӕнӕуаг митыл, хӕтын ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддӕгтыл, быцӕутӕ ӕмӕ хӕлӕгыл. h 14Бардарӕг Йесо Чырысти суӕд уӕ хотых, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды ӕмӕ йӕ монцты фӕдыл ма цӕуат. i
Copyright information for OssIBT2022