Romans 15
Алчи уӕ йӕхи мӕт ма кӕнӕд, фӕлӕ кӕрӕдзийы зӕрдӕ ӕлхӕнут
1Мах, йӕ уырнындзинад тыхджын кӕмӕн у, уыдон хъуамӕ ӕрмӕст нӕхи кой ма кӕнӕм, фӕлӕ ӕнӕбонтӕн ӕххуыс кӕнӕм сӕ лӕмӕгъдзинӕдты уаргъ хӕссын. a 2Алчидӕр нӕ хъуамӕ хъуыды кӕна, йе’фсымӕры монон рӕзт ӕмӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ахъаз цы у, уый тыххӕй. b 3Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр Йӕхи мӕт нӕ кодта. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъы Сыгъдӕг Фыст: «Дӕу чи ӕлгъыста, уыдоны ӕлгъыстытӕ Мӕныл ӕрцыдысты». 4Сыгъдӕг Фыст цыдӕриддӕр зӕгъы, уый ныффыстӕуыд махӕн зонд амонынӕн — дӕтты нын фӕразондзинад ӕмӕ ӕхсар, цӕмӕй нӕ ныфс уа фидар. c 5Фӕразондзинад ӕмӕ ӕхсар дӕттӕг Хуыцау уын раттӕд иумӕ ӕмзондӕй фӕцӕрыны хорзӕх, d 6цӕмӕй, Йесо Чырыстийы фӕзмгӕйӕ, ӕмзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕмдзыхӕй стауат Хуыцауы, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Фыды.Фарны Уац — муртаттӕгтӕн
7Чырысти сымахыл куыд ӕнувыд у, афтӕ ӕнувыд ут сымах дӕр кӕрӕдзиуыл Хуыцауы кадӕн. e 8Зӕгъын уын, Хуыцау Йӕ дзырд кӕй нӕ сайы, уый равдисыны тыххӕй Чырысти сунӕтгӕндтӕн сси лӕггадгӕнӕг, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, Хуыцау сын сӕ рагфыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый f 9ӕмӕ муртаттӕгтӕ стауой Хуыцауы Йӕ хорзӕхы тыххӕй, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Уый тыххӕй стаудзынӕн Дӕумуртаттӕгты ӕхсӕн,
Дӕуыл уыдзысты мӕ зарджытӕ».
10Ӕмӕ ма ноджы у загъд: «Цин кӕнут Хуыцауы адӕмимӕ, муртаттӕгтӕ».
11Ӕмӕ ма ноджыдӕр: «Стаут Дунедарӕджы, ӕппӕт муртаттӕгтӕ,
кад Ын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ».
12Исайа дӕр зӕгъы: «Фӕзындзӕн Йессейы Ӕвзар
ӕмӕ адӕмтӕн хицауиуӕг кӕндзӕн;
адӕмтӕ Йыл дардзысты сӕ зӕрдӕ». g
13Ныфс Чи дӕтты, уыцы Хуыцау уын уырнындзинады фӕрцы раттӕд цин ӕмӕ фарн, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ уӕ ныфс кӕна фидарӕй-фидардӕр. h
Павел — муртаттӕгты апостол
14Дызӕрдыг нӕ кӕнын, ме’фсымӕртӕ, алы хорз миниуӕг ӕмӕ зонынадӕй ӕххӕст кӕй стут ӕмӕ уӕ бон кӕй у кӕрӕдзийы ахуыр кӕнын. 15Фӕлӕ уӕм уӕддӕр мӕ ныфс бахастон ныффыссын, цӕмӕй уӕ зӕрдыл лӕууой мӕ ныхӕстӕ. Ӕз уый бакодтон, Хуыцауӕй мын цы хорзӕх лӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ — 16Хуыцау мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй муртаттӕгтӕн уазлӕггад кӕнон Йесо Чырыстийы номӕй ӕмӕ сын хъусын кӕнон Хуыцауы Фарны Уац, цӕмӕй муртаттӕгтӕ суой, Сыгъдӕг Уд кӕй ссыгъдӕг кодта, ахӕм фӕндиаг цардӕгас нывонд. i 17Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы мӕ бон раппӕлын у, Хуыцауы номыл цы уазлӕггад кӕнын, уымӕй. 18Цӕмӕй муртаттӕгтӕ Хуыцауы коммӕ кӕсын райдайой, уый тыххӕй Чырысти мӕ фӕрцы цы сарӕзта, уымӕй уӕлдай мӕ ныфс ницӕй тыххӕй зӕгъынмӕ хӕссын. Чырысти уыдӕттӕ сӕххӕст кодта ныхас ӕмӕ хъуыддагӕй, 19ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕй, Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ. Афтӕмӕй Чырыстийы Фарны Уац ӕз айхъуысын кодтон Йерусалимӕй суанг Иллирикмӕ ▼▼Иллирик (кӕнӕ Иллири) — хӕхбӕстӕ Адриатикон денджызы былгӕрон, скӕсӕнӕрдыгӕй; ромаг провинци.
. 20Ӕз архайдтон, Чырыстийы кӕм нӕ зыдтой, Фарны Уац уым хъусын кӕныныл, цӕмӕй кӕйдӕр арӕзт бындурыл ма амайон, k 21фӕлӕ, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый сӕххӕст кӕнон: «Кӕмӕн нӕ загъдӕуыд Уый тыххӕй,уыдон фендзысты,
ӕмӕ, чи нӕ фехъуыста,
уыдон базондзысты».
Павелы фӕнд Роммӕ ацӕуыны тыххӕй
22Гъе, уыдӕтты аххосӕй мын нӕ бантыст, кӕд бирӕ хӕттыты хъавыдтӕн, уӕддӕр нырмӕ сымахмӕ ӕрцӕуын. l 23Уыцы рӕтты ныр ӕз мӕ куыст ахицӕн кодтон ӕмӕ, бирӕ азты дӕргъы сымахмӕ цӕуынмӕ кӕй бӕллыдтӕн, m 24уымӕ гӕсгӕ, Испанимӕ цӕугӕйӕ, сымах фенынмӕ дӕр фездӕхдзынӕн ӕмӕ уӕм иу цасдӕр афӕстиат уыдзынӕн. Стӕй мын, дызӕрдыг нӕ кӕнын, сымах баххуыс кӕндзыстут мӕ фӕндагыл дарддӕр ацӕуынмӕ. 25Ныр та цӕуын Йерусалиммӕ, сыгъдӕджытӕн уазлӕггад кӕнынмӕ. n 26Уымӕн ӕмӕ Македони ӕмӕ Ахайы уырнджыты бафӕндыд, Йерусалимы сыгъдӕджытӕй мӕгуыр чи у, уыдонӕн баххуыс кӕнын. o 27Бафӕндыди сӕ, стӕй сӕ хӕсджын дӕр сты. Уымӕн ӕмӕ, иугӕр муртаттӕгтӕ схайджын сты чырыстон иудейӕгты монон исбонӕй, уӕд сын хъуамӕ уыдон дӕр сӕ зӕххон хъуӕгтӕ баххӕст кӕнынмӕ феххуыс кӕной. p 28Ӕз уый куы саразон ӕмӕ, цы ӕрӕмбырд ис, уый сӕм мӕхӕдӕг куы фӕхӕццӕ кӕнон, уӕд Испанимӕ мӕ фӕндаг сараздзынӕн сымах уылты. 29Уый зонын, ӕмӕ уыл куы сӕмбӕлон, уӕд уын мемӕ кӕй ӕрхӕсдзынӕн Чырыстийы ӕнӕкӕрон зӕрдӕбын арфӕтӕ. q 30Ӕфсымӕртӕ, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хатырӕй ӕмӕ, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы уарзты хатырӕй курын сымахӕй: зӕрдиагӕй мын кувут Хуыцаумӕ, r 31цӕмӕй мӕ Иудейы ӕнӕуырнджытӕй бахиза, Йерусалимы сыгъдӕджытӕ та мын ме’ххуысыл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлой. s 32Ӕмӕ уӕм, Хуыцауы фӕндӕй, уӕд зӕрдӕрухсӕй фӕзындзынӕн, ӕмӕ мӕ уд ӕрулӕфдзӕн уемӕ. t 33Фарндӕттӕг Хуыцау уӕд уе’ппӕтимӕ дӕр. Аммен.
Copyright information for
OssIBT2022