‏ Romans 16

Кӕронбӕттӕн саламтӕ

1Базонгӕ ут нӕ хо Фивӕимӕ, Кенхрейы аргъуаны уазлӕггадгӕнӕгимӕ. 2Сыгъдӕджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ йыл баузӕлут Бардарӕджы кадӕн ӕмӕ, хъуаг цӕмӕй ӕййафа, уымӕй йын баххуыс кӕнут. Йӕхӕдӕг бирӕтӕн баххуыс кодта, уыимӕ — мӕнӕн дӕр.

3Саламтӕ — Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйӕн — мемӕ Йесо Чырыстийӕн лӕггадгӕнджытӕн. a 4Уыдон мӕн тыххӕй нӕ бавгъау кодтой сӕ цард дӕр, ӕмӕ сӕ ӕрмӕст ӕз нӕ дӕн бузныг, фӕлӕ кӕддӕры муртаттӕгты ӕппӕт аргъуантӕ дӕр. Саламтӕ — сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕрӕмбырд вӕййы, уымӕн дӕр. b 5Саламтӕ — мӕ уарзон Эпенетӕн, Чырыстийыл фыццаг чи баууӕндыд Азийы, уымӕн. 6Саламтӕ — сымах тыххӕй уый бӕрц бафыдӕбонгӕнӕг Мариайӕн.

7Саламтӕ — ахӕстоны мемӕ чи уыди, мӕ уыцы ӕмбӕстӕгтӕ Андроник ӕмӕ Юнийӕн. Уыдон апостолты ӕхсӕн зындгонд сты, Чырыстийыл мӕнӕй раздӕр баууӕндыдысты. 8Саламтӕ — Амплиатӕн, Бардарӕгимӕ иудзинады фӕрцы мӕ уарзон ӕфсымӕрӕн. 9Саламтӕ — Урбанӕн, Чырыстиимӕ иудзинады не’мкусӕгӕн, ӕмӕ мӕ уарзон хӕлар Стахийӕн. 10Саламтӕ — Чырыстийыл йӕхи ӕнувыдӕй равдисӕг Апеллесӕн. Саламтӕ — Аристовулы хӕдзаронтӕн. 11Саламтӕ — ме’мбӕстаг Иродионӕн. Саламтӕ — Наркиссы чырыстон хӕдзаронтӕн. 12Саламтӕ — Бардарӕджы ӕнӕзӕрдӕхудт кусджытӕ Трифенӕ ӕмӕ Трифосӕйӕн. Саламтӕ — Бардарӕгӕн дзӕвгар чи балӕггад кодта, нӕ уыцы уарзон хо Персидӕйӕн. 13Саламтӕ — Бардарӕджы равзӕрст Руфӕн ӕмӕ, мӕнӕн дӕр мадау чи сси, йӕ уыцы мадӕн. 14Саламтӕ — Асинкритӕн, Флегонтӕн, Гермесӕн, Патровӕн, Гермасӕн ӕмӕ, семӕ чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕн. 15Саламтӕ — Филолог ӕмӕ Юлиайӕн, Нерей ӕмӕ йӕ хойӕн, Олимпасӕн ӕмӕ, Хуыцауы адӕмӕй семӕ чи ис, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр. 16Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ. Саламтӕ айсут Чырыстийы ӕппӕт аргъуантӕй. c

17Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхи хизут, цӕуыл сахуыр стут, уыцы ахуырад чи ницӕмӕ дары, афтӕмӕй аргъуантӕ кӕрӕдзийӕ дих чи кӕны ӕмӕ фӕкӕлыны хос чи у, уыдонӕй — ӕмгӕрон сӕм ма цӕут. d 18Ахӕмтӕ нӕ Бардарӕг Чырыстийӕн нӕ, фӕлӕ сӕ чъизи монцтӕн кусынц, рӕсугъд ӕмӕ козбау ныхӕстӕй фӕливынц, ӕнӕхин чи у, уыдоны. e 19Фарны Уацыл ӕнувыд кӕй стут, уый алкӕмӕн дӕр зындгонд у, ӕмӕ ӕз дӕр цин кӕнын ууыл. Фӕнды мӕ, цӕмӕй сымах хорздзинад саразынмӕ уат зондджын, фыддзинадмӕ та уат ӕнӕхин. 20Ӕмӕ уын уӕд фарндӕттӕг Хуыцау рӕхджы уӕ къӕхты бын басӕтдзӕни сайтаны. Нӕ Бардарӕг Йесойы хорзӕх уӕд уемӕ. Аммен.

21Саламтӕ уын ӕрвитынц ме’мкусӕг Тимофей, ме’мбӕстӕгтӕ Лукий, Йасон ӕмӕ Сосипатр.

22Бардарӕгимӕ иудзинады фӕрцы уын зӕрдиаг саламтӕ ӕрвитын ӕз дӕр, Павелӕн йӕ ацы фыстӕг чи ныффыста, уыцы Тертий. 23Салам уын ӕрвиты мӕ фысым, ӕппӕт аргъуан кӕй хӕдзары ӕрӕмбырд вӕййы, уыцы Гайос. Саламтӕ уын сахары ӕхцафснайӕг Эрастӕй ӕмӕ не’фсымӕр Квартӕй. 24Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх уӕд уе’ппӕты дӕр. Аммен.
Copyright information for OssIBT2022