‏ Romans 3

1Уӕдӕ иудейӕгтӕн сӕ уавӕр истӕмӕй хуыздӕр у, сунӕт исты пайда дӕтты? 2Бӕгуыдӕр. Стыр пайда у алцыппӕтӕй дӕр. Сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ Хуыцау Йӕ ныхӕстӕ уыдоны ӕвджид бакодта. a

3Фӕлӕ кӕд ӕмӕ иуӕй-иутӕ Хуыцауыл иузӕрдион нӕ разындысты, уӕд уый тыххӕй Хуыцау иузӕрдион нал уыдзӕн? b 4Ницы хуызы! Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы, адӕм иууылдӕр мӕнгард куы уой, уӕддӕр. Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Дӕ рӕстад бӕрӕг уыдзӕни Дӕ ныхӕстӕй,
ӕмӕ Дӕ тӕрхоны фӕуӕлахиз уыдзынӕ». c

5Кӕд нӕ зылындзинад ноджы ирддӕр ӕвдисы Хуыцауы рӕстдзинад, уӕд та? Уӕд, мыййаг, Хуыцау кӕд раст нӕ уыдзӕн, Йӕ азар ныл куы ныккала, уӕд? (Адӕймаг куыд хъуыды кӕны, афтӕ дзурын.) 6Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Науӕд Хуыцау дунейӕн куыд тӕрхон кӕнид?

7Кӕд ӕмӕ, ӕз иузӕрдион кӕй нӕ дӕн, уый Хуыцауы иузӕрдиондзинад тынгдӕр ӕргом кӕны ӕмӕ Хуыцауы кадыл ӕфтауы, уӕд ма мын тӕригъӕдджынау тӕрхон кӕнын цӕмӕн хъӕуы? 8Уӕд та, — чидӕртӕ мыл куыд мысынц, цыма уӕ ӕз ууыл ахуыр кӕнын, уыйау, — ӕвзӕрдзинад кӕнын райдайӕм, цӕмӕй хорздзинад расайа? Уыцы адӕймӕгты, цы тӕрхоны аккаг сты, уый баййафдзӕн. d

Алы адӕймаг дӕр тӕригъӕдджын у

9Уӕдӕ куыд? Мах иннӕтӕй хуыздӕр уавӕры стӕм? Ӕппындӕр нӕ. Мах ныридӕгӕн равдыстам, иудейӕгтӕ дӕр ӕмӕ муртаттӕгтӕ дӕр тӕригъӕды дӕлбар кӕй сты, уый. e 10Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Нӕй рӕстгӕнӕг, иунӕг дӕр нӕй,
11иу ӕмбаргӕ адӕймаг дӕр нӕй,
ничи агуры Хуыцауы.
12Се’ппӕт дӕр адзӕгъӕл сты,
иу дӕр дзы нӕ бӕззы;
хорздзинад ничиуал кӕны,
иунӕг адӕймаг дӕр.
13Сӕ дзых — гом ингӕн,
се’взаг — мӕнгард,
сӕ былтыл — калмы марг.
14Сӕ былалгъыл — ӕрмӕстдӕр ӕлгъыст
ӕмӕ маст ныхас.
15Туг ныккалынмӕ цӕттӕ сты.
16Кӕм цӕуынц, уым бӕллӕх
ӕмӕ фыдбылыз тауынц,
17фидыды фӕндаг нӕ зонынц.
18Хуыцауы тас сӕм нӕй».

19Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз. 20Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕн. Ӕгъдауы руаджы, тӕригъӕд цы у, ӕрмӕст уый базонӕм. f

Уырнындзинад раст кӕны тӕригъӕдджыны

21Фӕлӕ ма Ӕгъдауӕй уӕлдай ныр Хуыцау адӕмӕн раргом кодта, Ӕгъдау дӕр ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр ӕвдисӕн кӕмӕн сты, уыцы рӕстад. 22Ӕппӕт уырнджыты дӕр Хуыцау раст кӕны Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы, хъулон Ын сӕ никӕцы у. g 23Уымӕн ӕмӕ се’ппӕт дӕр бацыдысты тӕригъӕды ӕмӕ Хуыцауы кадӕй ӕнӕхай фесты, h 24фӕлӕ Хуыцау, Йӕ хорзӕх сӕ ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ се’ппӕты дӕр лӕвар раст кӕны Йесо Чырыстийы фӕрцы — Чырысти сын ӕлхӕны сӕрибар. i 25Хуыцау Ӕй снысан кодта фидауынгӕнӕг нывондӕн, цӕмӕй Йӕ Туджы фӕрцы барст ӕрцӕуой, чи Йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уымӕй Хуыцау равдыста Йӕ рӕстдзинад — бирӕбыхсаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмы нӕ бафхӕрдта сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй, j 26цӕмӕй абон равдиса Йӕ рӕстдзинад: Йӕхӕдӕг раст у ӕмӕ раст кӕны Йесойыл ӕууӕндджыты.

27Уӕдӕ цӕмӕй раппӕлӕм нӕхицӕй? Ницӕмӕй. Кӕцы Ӕгъдау нын дӕтты ӕппӕлыны бар? Хъуыддӕгтӕ домӕг Ӕгъдау? Нӕ, уырнындзинад домӕг Ӕгъдау. 28Уымӕн ӕмӕ мах афтӕ зӕгъӕм: адӕймаг Ӕгъдау ӕххӕст кӕна ӕви нӕ — уырнындзинады фӕрцы сраст вӕййы.

29Ау, Хуыцау ӕрмӕст иудейӕгты Хуыцау у, муртаттӕгты Хуыцау та нӕу? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, муртаттӕгты Хуыцау дӕр у. 30Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, ӕмӕ растыл банымайдзӕн ӕппӕт уырнджыты — сунӕтгӕндты дӕр, стӕй, сунӕтгонд чи нӕу, уыцы уырнджыты дӕр. k

31Уӕдӕ Ӕгъдау уырнындзинадӕй сафӕм? Ницы хуызы! Сафгӕ нӕ, фӕлӕ йӕ фидар кӕнӕм. l
Copyright information for OssIBT2022