Romans 4
Авраам йӕ уырнындзинады фӕрцы сраст ис
1Уӕдӕ цы зӕгъӕм нӕ фыдӕл Авраамы тыххӕй? Цы йын бантыст? 2Кӕд Авраам йӕ хъуыддӕгты фӕрцы сраст ис, уӕд сӕ йӕ бон уыди сӕрыстыр уӕвын, фӕлӕ Хуыцауы раз — нӕ. a 3Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы? «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ Хуыцау уый тыххӕй банымадта рӕстгӕнӕгыл». b 4Кусӕгӕн мызд лӕвары охыл нӕ, фӕлӕ йын, кӕй ӕмбӕлы, уымӕ гӕсгӕ фидынц. c 5Фӕлӕ адӕймаг йӕ хъуыддӕгтӕ нӕ, фӕлӕ йӕ уырнындзинадыл йӕ зӕрдӕ куы дара ӕмӕ, тӕригъӕдджыны Чи раст кӕны, Уыцы Хуыцауыл куы ӕууӕнда, уӕд ӕй Хуыцау рӕстгӕнӕгыл банымайдзӕн. 6Уымӕн хоны Давид тӕхудиаг, йӕ хъуыддӕгтӕ йын нӕ нымайгӕйӕ, Хуыцау рӕстгӕнӕгыл кӕй банымайы, уыцы адӕймаджы: 7«Тӕхудиаг сты, сӕ фыдракӕндтӕбарст кӕмӕн ӕрцыдысты
ӕмӕ Хуыцау кӕй тӕригъӕдтӕ
нал ӕрымысдзӕн, уыдон.
8Тӕхудиаг у,
Дунедарӕг йӕ азым
тӕригъӕдыл кӕмӕн нӕ банымайа,
уыцы адӕймаг».
9Тӕхудиаг кӕй хоны: сунӕтгонды ӕви ӕнӕсунӕтгонды? Мах дзурӕм: «Хуыцау Авраамы йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстгӕнӕгыл». 10Кӕд ӕй банымадта? Сунӕты фӕстӕ ӕви сунӕты размӕ? Сунӕты фӕстӕ нӕ, фӕлӕ сунӕты размӕ. 11Йӕ сунӕт ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгыл сунӕты размӕ банымадта, уымӕн ӕмӕ Йыл Авраам ӕууӕндыди. Ӕмӕ сунӕтгонд чи нӕу, ӕппӕт уыцы уырнджытӕн Авраам сси сӕ фыдӕл, цӕмӕй уыдоны дӕр Хуыцау банымайа рӕстгӕнджытыл. 12Стӕй сунӕтгӕндтӕй дӕр сӕ фыдӕл сси, йӕ фӕдыл чи цыди ӕмӕ, нӕ фыдӕл Авраам йӕ сунӕты размӕ куыд ӕууӕндыди Хуыцауыл, афтӕ Йыл чи ӕууӕндыди, ӕрмӕст уыдонӕн.
Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд
13Дуне уыдоны хай кӕй бауыдзӕн, уымӕй Авраам ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн зӕрдӕ бавӕрдӕуыд Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ, Хуыцау Авраамы йӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ рӕстгӕнӕгыл кӕй банымадта, уый тыххӕй. 14Дуне кӕд Ӕгъдау ӕххӕстгӕнджыты хай бауыдзӕн, уӕд уырнындзинад дзӕгъӕлы у, Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд дӕр ницы у. 15Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау ӕркӕны Хуыцауы фыдӕхмӕ; Ӕгъдау куынӕ уа, уӕд та йӕ халгӕ дӕр ничи кӕны. d 16Уӕдӕ уыцы зӕрдӕбавӕрд уырнындзинадмӕ гӕсгӕ у, цӕмӕй Хуыцауы лӕвар уа ӕмӕ ӕнӕмӕнг аххӕсса Авраамы ӕппӕт байзӕддӕгтыл — Ӕгъдауы дӕлбар чи у, ӕрмӕст уыдоныл нӕ, фӕлӕ Авраамы уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдоныл дӕр. Авраам у не’ппӕты фыдӕл, 17Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Ӕз дӕ скодтон бирӕ адӕмты фыдӕл». Бирӕ адӕмты фыдӕл Авраам у Хуыцауы раз — Кӕуыл баууӕндыди, мӕрдты Чи ӕгас кӕны ӕмӕ, цы нӕй, уымӕ ӕнӕуӕвынадӕй уӕвынадмӕ Чи басиды, уыцы Хуыцауы раз. e 18Кӕд ныфс ӕвӕрӕн ницӕмӕй уыди, уӕддӕр Авраам йӕ зӕрдӕ дардта ӕмӕ баууӕндыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сси уый бирӕ адӕмты фыдӕл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Дӕ байзӕддӕгтӕ афтӕ бирӕ уыдзысты». 19Авраам ӕмбӕрста: цӕуы йыл фондзыссӕдз азы бӕрц, йӕ буар сӕдых, Саррӕ нал ныййардзӕни, фӕлӕ уӕддӕр йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта. 20Хуыцау Йӕ дзырдӕн хицау кӕй разындзӕн, ууыл нӕ фӕгуырысхо ис, йӕ уырнындзинад дзы бауагъта тых, ӕмӕ скад кодта Хуыцауӕн, 21уымӕн ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндыд, Хуыцауӕн Йӕ зӕрдӕбавӕрд сӕххӕст кӕнын Йӕ бон кӕй у, ууыл. f 22Уымӕ гӕсгӕ «Хуыцау уый банымадта рӕстгӕнӕгыл». 23Ӕниу, канд Авраамы тыххӕй нӕу фыст, Хуыцау ӕй банымадта рӕстгӕнӕгыл, зӕгъгӕ, g 24фӕлӕ мах тыххӕй дӕр. Хуыцау рӕстгӕнджытыл банымайдзӕн мах дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕууӕндӕм нӕ Бардарӕг Йесойы мӕрдтӕй Райгасгӕнӕгыл. 25Йесо нӕ тӕригъӕдты тыххӕй лӕвӕрд ӕрцыди мӕлӕтмӕ ӕмӕ райгас ис, цӕмӕй Хуыцауы раз мах сраст уӕм. h
Copyright information for
OssIBT2022