‏ Romans 5

Хуыцауимӕ фидыд

1Мах сраст стӕм уырнындзинады руаджы, ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти бафидауын кодта Хуыцауимӕ. a 2Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы кадӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал ис кӕрон. b 3Ӕмӕ нӕ цин ӕрмӕст ууыл нӕу, фӕлӕ нӕ тухӕнтыл дӕр, уымӕн ӕмӕ зонӕм, тухӕнтӕ бавзаргӕйӕ кӕй свӕййӕм фӕразон, c 4фӕразонӕй свӕййӕм фӕлтӕрдджын, фӕлтӕрддзинадӕй та ӕвзӕры ныфс.

5Ныфс та нӕ сайы, уымӕн ӕмӕ, лӕвӕрд нын Чи у, уыцы Сыгъдӕг Уды фӕрцы Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кодта Йӕ уарзтӕй. d 6Лӕмӕгъ ма куы уыдыстӕм, уӕд нысангонд ӕмгъуыдыл Чырысти амард тӕригъӕдджынты сӕраппонд. e 7Рӕстгӕнӕджы тыххӕй исчи йӕ цард ратдзӕн, уый дызӕрдыггаг у. Чи зоны, искӕмӕ разына йӕ хӕрзгӕнӕджы сӕраппонд амӕлыны ӕхсар. 8Фӕлӕ нӕ кӕй уарзы, уый Хуыцау равдыста, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд Чырысти мах сӕраппонд кӕй амард, уымӕй. f 9Кӕд абон Йесойы Туджы фӕрцы сраст стӕм, уӕд нӕ уымӕй ноджы фылдӕр ныфс ис, Йӕ фӕрцы Хуыцауы азарӕй дӕр кӕй фервӕздзыстӕм! g 10Уымӕн ӕмӕ раздӕр Хуыцауы знӕгтӕ кӕм уыдыстӕм ӕмӕ Йӕ Фырты мӕлӕты фӕрцы Йемӕ кӕм бафидыдтам, уым нӕ уымӕй ноджы фылдӕр ныфс ис, мах, Хуыцауимӕ фидыд адӕм, кӕй фервӕздзыстӕм Йӕ Фырты царды фӕрцы! h 11Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауимӕ кӕй стӕм, уымӕй нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы ӕппӕлӕм — Уый нӕ бафидауын кодта Хуыцауимӕ.

Адам ӕмӕ Чырысти

12Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыди тӕригъӕд, ӕмӕ уыцы тӕригъӕдимӕ — мӕлӕт. Афтӕмӕй мӕлӕтӕн йӕ бар цӕуын райдыдта ӕппӕт адӕмыл, уымӕн ӕмӕ се’ппӕт дӕр тӕригъӕды бацыдысты. i 13Тӕригъӕд Ӕгъдауы размӕ дӕр дунейы уыди, фӕлӕ тӕригъӕд, Ӕгъдау куынӕ уа, уӕд тӕригъӕдыл нымад нӕ цӕуы. j 14Фӕлӕ мӕлӕт Адамы заманӕй Моисейы заманмӕ дӕр ӕлдариуӕг кодта, Адам кӕй ракодта, уыцы тӕригъӕды чи нӕ бафтыд, уыдоныл дӕр.

Адам та у, фидӕны Чи хъуамӕ ӕрцыдаид, Уымӕн Йӕ развӕлгонц. k
15Фӕлӕ Адамы фыдракӕнд ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх иу не сты. Кӕд ӕмӕ иу адӕймаджы фыдракӕнд бирӕты бабын кодта, уӕд иу Адӕймаджы — Йесо Чырыстийы руаджы та Хуыцауы хорзӕх аххӕссыди уымӕй ноджы бирӕ фылдӕр адӕмыл. l 16Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ иу адӕймаджы тӕригъӕдӕн абарӕн нӕй: иунӕг фыдракӕнд — ӕмӕ карз тӕрхон, бирӕ фыдракӕндтӕ — ӕмӕ бынтондӕр сраст уӕвыны хорзӕх.

17Кӕд иу адӕймаджы иу фыдракӕнды тыххӕй мӕлӕт паддзахиуӕг кӕнын райдыдта, уӕд иу Адӕймаджы — Йесо Чырыстийы руаджы та цӕрдзысты ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты, Хуыцау йӕ хорзӕх рӕдауӕй кӕмӕн дӕтты ӕмӕ лӕвар кӕй раст кӕны, уыдон. m 18Ӕцӕгӕйдӕр, иу адӕймаджы фыдракӕнд ӕппӕт адӕмӕн карз тӕрхон куыд расайдта, афтӕ иу Адӕймаджы раст хъуыддаг дӕр раст кӕны ӕппӕт адӕмы ӕмӕ сын лӕвар кӕны цард.

19Иу адӕймаджы ӕгоммӕгӕс бирӕтӕй тӕригъӕдджын куыд скодта, афтӕ иу Адӕймаджы коммӕгӕсдзинад бирӕты скӕндзӕни рӕстгӕнджытӕ. n 20Ӕгъдау ӕрцыди тӕригъӕды бабирӕйӕн, фӕлӕ тӕригъӕд куы сбирӕ ис, уӕд Хуыцауы хорзӕх дӕр парахат сси, o 21цӕмӕй, тӕригъӕд куыд паддзахиуӕг кодта ӕмӕ адӕмӕн мӕлӕт куыд хаста, афтӕ паддзахиуӕг кӕна Хуыцауы хорзӕх дӕр, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы раст кӕна адӕймаджы ӕмӕ дӕтта мыггагмӕйы цард.
Copyright information for OssIBT2022