Romans 7
Адӕймаг суӕгъд ис Ӕгъдауӕй
1Ӕфсымӕртӕ, — Ӕгъдау чи зоны, уыдонмӕ дзурын, — Ӕгъдауы бар адӕймагыл ӕрмӕст йӕ удӕгасӕй кӕй цӕуы, уый нӕ зонут, ӕви? 2Зӕгъӕм, моймӕдзыд сылгоймаджы йӕ удӕгас мойыл ӕгъдау бӕтты. Йӕ мой куы амӕла, уӕд та ссӕрибар вӕййы, йӕ мойыл ӕй чи бӕтты, ӕгъдауы уыцы домӕнтӕй. a 3Йӕ мой удӕгас куы уа, афтӕмӕй ӕндӕр мой куы скӕна, уӕд ыл хӕтаджы ном сбады. Йӕ мой куы амӕла, уӕд ӕгъдауӕй сӕрибар у ӕмӕ, ӕндӕр мой куы скӕна, уӕд хӕтагыл нымад нӕу. 4Сымах дӕр афтӕ, ме’фсымӕртӕ: Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы амардыстут Ӕгъдауӕн, цӕмӕй уат Ӕндӕры — мӕрдтӕй Чи райгас, Уый адӕм ӕмӕ кусат Хуыцауӕн. b 5Удӕгасӕй мах нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды уацары уыдыстӕм ӕмӕ, Ӕгъдау цы чъизи монцтӕ цырен кодта, уыдон хӕлбурцъ кодтой нӕ буары ӕмӕ куыстой мӕлӕтӕн. c 6Ныр та, кӕй уацары уыдыстӕм, ӕппӕт уыдӕттӕн амардыстӕм ӕмӕ афтӕмӕй ссӕрибар стӕм Ӕгъдауӕй, цӕмӕй Хуыцауӕн кӕддӕрау, Ӕгъдауы фыстмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ ног хуызы, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй, лӕггад кӕнӕм. dӔгъдау ӕмӕ тӕригъӕд
7Уӕдӕ ныр цы зӕгъӕм? Ау, Ӕгъдауӕй цӕуы тӕригъӕд? Ницы хуызы! Фӕлӕ Ӕгъдау куынӕ уаид, уӕд, тӕригъӕд цы у, уый ӕз нӕ зыдтаин. Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдау куынӕ фӕдзӕхстаид «Ма бабӕлл», уӕд нӕ зыдтаин, бабӕллын цы нысан кӕны, уый. 8Фӕлӕ тӕригъӕдӕн фӕдзӕхсты фӕрцы фадат фӕци, ӕмӕ мӕм райгуырын кодта алы мондӕгтӕ. Тӕригъӕд та ӕнӕ Ӕгъдауӕй мард у. e 9Ӕз кӕддӕр цардтӕн, Ӕгъдау нӕ зыдтон, афтӕмӕй; фӕлӕ, фӕдзӕхст куы фӕзынд, уӕд тӕригъӕд райгас ис, 10ӕз та амардтӕн: царддӕттӕг цы фӕдзӕхст хъуамӕ уыдаид, уый мын ӕрхаста мӕлӕт. 11Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдӕн фӕзынди фадат фӕдзӕхстӕй спайда кӕнынӕн ӕмӕ мӕ амарынӕн. f 12Фӕлӕ Ӕгъдау йӕхӕдӕг Хуыцауӕй цӕуы, ӕмӕ, цыдӕриддӕр домы, уый сыгъдӕг, раст ӕмӕ хорз у. g 13Уӕдӕ мын, ау, уыцы хорз ӕрхаста мӕлӕт? Ницы хуызы! Уый тӕригъӕд сарӕзта ӕмӕ уымӕй йе’цӕг цӕсгом равдыста: уыцы хорзӕй спайда кодта ӕмӕ мын мӕлӕт ӕрхаста. Уӕдӕ афтӕ: фӕдзӕхсты руаджы ноджы тынгдӕр рабӕрӕг ис, тӕригъӕд куыд тӕригъӕдджын у, уый. 14Мах зонӕм, Ӕгъдау Удӕй кӕй цӕуы, уый. Ӕз та буардзыд адӕймаг дӕн, тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цагъар. 15Цы ми кӕнын, уый мӕхӕдӕг дӕр не’мбарын. Цы мӕ фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ мын ӕнӕуынон цы у, уый та кӕнын. 16Ӕмӕ кӕд, цы мӕ нӕ фӕнды, уый кӕнын, уӕд, бӕлвырд, разы дӕн: Ӕгъдау хорз у. 17Фӕлӕ, ӕцӕгдзинадӕй, уый ӕз нӕ, фӕлӕ, мӕ мидӕг цы тӕригъӕд цӕры, уый архайы. 18Ӕз зонын: мӕ мидӕг, ома мӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды, хорзӕй ницы ис. Хорздзинад кӕнын мӕ фӕнды, фӕлӕ мын нӕ уайы. 19Ӕмӕ мӕ кӕд фӕнды, уӕддӕр хорздзинад нӕ кӕнын, кӕд мӕ нӕ фӕнды, уӕддӕр аразын фыддзинад. 20Ӕмӕ кӕд, цы мӕ нӕ фӕнды, уый кӕнын, уӕд ӕй ӕз нӕ кӕнын, фӕлӕ йӕ, мӕ мидӕг цы тӕригъӕд цӕры, уый кӕны. 21Уӕдӕ мӕхицӕн ахӕм ӕгъдау раргом кодтон: хорз кӕнын мӕ куы бафӕнды, уӕд мын фыддзинад рауайы. 22Уымӕн ӕмӕ мӕ уд цин кӕны Хуыцауы ӕгъдауыл, h 23фӕлӕ мӕ туджы ис ӕндӕр ӕгъдау. Уыцы ӕгъдау тох кӕны, мӕ зонд цы ӕгъдауы фарс у, уый ныхмӕ, ӕмӕ ӕз свӕййын, мӕ туджы цы тӕригъӕдджын ӕгъдау ис, уымӕн йӕ уацайраг. i 24Цы мӕгуыр у адӕймаг! Чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн, йӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды аххосӕй мӕлӕты фос цы буар у, уымӕй? 25Бузныг Хуыцауӕн — нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы руаджы мӕ фервӕзын кодта! Уӕдӕ ӕз уыцы иу адӕймаг дӕн, фӕлӕ мӕ зондӕй кусын Хуыцауы ӕгъдауӕн, мӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй та — тӕригъӕды ӕгъдауӕн.
Copyright information for
OssIBT2022