‏ Romans 8

Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕсӕй

1Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ чи ис, уыдонӕн тӕрхонгонд никуы уыдзӕн. a 2Сыгъдӕг Уды царддӕттӕг ӕгъдау Йесо Чырыстийы руаджы дӕу ссӕрибар кодта тӕригъӕды ӕмӕ мӕлӕты ӕгъдауӕй. b 3Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау — буарыдзыдӕй рарвыста Йӕ Фырты, ӕмӕ, адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн чи уыди, Фырты уыцы ӕрдзыхъӕд хаст ӕрцыди тӕригъӕды нывондӕн. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн, c 4цӕмӕй, Ӕгъдау цы рӕстдзинад домы, уый сӕххӕст уа нӕ царды ӕмӕ мах цӕрӕм тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды коммӕ кӕсгӕйӕ нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды коммӕ кӕсгӕйӕ.

5Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕстӕ тырнынц, сӕ ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ; Удӕн коммӕгӕстӕ та — Уды цы фӕнды, уымӕ. d 6Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнын мӕлӕт у; Уды цы фӕнды, уымӕ тырнын та — цард ӕмӕ фарн. e 7Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнӕг Хуыцауӕн знаг у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ӕгъдауӕн нӕ сӕтты, стӕй йӕ бон басӕттын дӕр нӕу. f 8Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕстӕн Хуыцауы зӕрдӕ балхӕнын сӕ бон нӕу. g

9Сымах та уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕс не стут, фӕлӕ — Удӕн, кӕд Хуыцауы Уд уӕ зӕрдӕты цӕры, уӕд. Чырыстийы Уд кӕмӕ нӕй, уый та Чырыстийы нӕу. h 10Фӕлӕ кӕд Чырысти уӕ зӕрдӕйы ис, уӕд уын мон дӕтты цард, Хуыцауимӕ фидыд кӕй стут, уый фӕрцы, кӕд уӕ буар тӕригъӕды аххосӕй мӕлӕтӕн лӕвӕрд у, уӕддӕр. 11Йесойы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый Уд кӕд уӕ зӕрдӕйы цӕры, уӕд, Чырыстийы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый уӕ буар дӕр — мӕлӕтӕн лӕвӕрд — райгас кӕндзӕни, уӕ зӕрдӕйы Чи цӕры, Йӕ уыцы Уды руаджы. i

12Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, мах нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй хӕс нӕ дарӕм, цӕмӕй, уый куыд фӕнды, афтӕ цӕрӕм. j 13Кӕд тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕсӕй цӕрут, уӕд амӕлдзыстут; фӕлӕ кӕд Уды хъаруйӕ буары тӕригъӕдджын хъуыддӕгтыл тых кӕнат, уӕд цӕрдзыстут. k 14Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауы Уды коммӕ чи кӕсы, уыдон иууылдӕр Хуыцауы хъӕбултӕ сты. l 15Цы Удӕй схайджын стут, уый ахӕм нӕу, ӕмӕ цагъартӕ уат ӕмӕ та ногӕй тасимӕ цӕрат. Сымах схайджын стут, Хуыцауы хъӕбултӕ уӕ Чи скодта, уыцы Удӕй, ӕмӕ Уый фӕрцы ныхъхъӕр кӕнӕм: «Абба! Нӕ Фыд!» m 16Хуыцауы Уд Йӕхӕдӕг нӕ монимӕ иумӕ ӕвдисӕн лӕууы, мах Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стӕм, уымӕн. n 17Кӕд Йӕ хъӕбултӕ стӕм, уӕд та, Хуыцаумӕ цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй райсдзыстӕм, исгӕ та сӕ Чырыстиимӕ ракӕндзыстӕм. Ӕмӕ кӕд Чырыстиимӕ тухӕнтӕ ӕвзарӕм, уӕд нын хай уыдзӕн Йӕ кадӕй дӕр. o

Фидӕны кад

18Ӕз фидарӕй ӕууӕндын: цы кадӕй схайджын уыдзыстӕм, уымӕн йӕ разы ницы сты абоны тухӕнтӕ. p 19Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ӕппӕт уыцы дуне нӕхъӕцгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцау Йӕ хъӕбулты кӕд раргом кӕндзӕнис, уымӕ. q 20Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыцы дуне бацайдагъ ис ӕнӕпайда цардыл; барвӕндонӕй йӕ нӕ равзӕрста, фӕлӕ йӕ ахӕм цардыл бафтауын Хуыцауы бафӕндыд: ныфс Ӕй уыди, 21Йе сфӕлдыст дуне кӕй фервӕздзӕн мӕлӕты ӕфсондзӕй ӕмӕ Хуыцауы хъӕбулты сӕрибар ӕмӕ кад кӕй райсдзӕн, уымӕй. 22Мах зонӕм: Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ӕппӕт уыцы дуне абон дӕр ма хъӕрзы ӕмӕ хъизӕмар кӕны арӕг сылгоймагау. 23Стӕй ӕрмӕст дуне нӕ, фӕлӕ мах дӕр — Сыгъдӕг Удӕн Йӕ фыццаг дыргътӕй чи схайджын ис, уыдон, нӕхӕдӕг дӕр хъӕрзӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нӕ Йӕ хъӕбултау кӕд айсдзӕн ӕмӕ нӕ буар мӕлӕтӕй кӕд фервӕздзӕнис, уымӕ. r 24Мах уыцы зӕрдӕдарӕнимӕ фервӕзтыстӕм. Зӕрдӕ цӕуыл дарӕм, уый цӕстӕй куы уынӕм, уӕд уый зӕрдӕдарӕн нал у. Адӕймаг цы уына, ууыл ма йӕ зӕрдӕ куыд хъуамӕ дара? s 25Фӕлӕ цы нӕма федтам, ууыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм фӕразонӕй.

26Ӕмӕ нӕм Сыгъдӕг Уд дӕр ӕрцӕуы ӕххуысмӕ, уымӕн ӕмӕ мах стӕм лӕмӕгъ ӕмӕ нӕ зонӕм, цӕй тыххӕй ӕмӕ куыд кувын хъӕуы, уый. Уӕд Уд Йӕхӕдӕг мах тыххӕй Хуыцауӕй фӕкуры, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм сулӕфтытӕй. 27Нӕ зӕрдӕйы ӕмбӕхст хъуыдытӕ дӕр ӕргом Кӕмӕн сты, Уый та зоны Уды фӕндон дӕр, уымӕн ӕмӕ Уый сыгъдӕджыты тыххӕй куры, Хуыцауӕн фӕндон куыд у, афтӕ. t 28Мах та зонӕм, Хуыцауы чи уарзы, Йӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕмӕ басидтӕуыд, уыдонӕн алцыдӕр хорзӕн кӕй фӕкӕны. u 29Уымӕн ӕмӕ Хуыцау, рагагъоммӕ кӕй базыдта, уыдонӕн снысан кодта Йӕ Фырты хуызӕн уӕвын, цӕмӕй бирӕ ӕфсымӕрты ӕхсӕн Йесо уа фыццаг зӕнӕг. v 30Ӕмӕ рагацау кӕй снысан кодта, уыдонмӕ фӕсидти, сраст кодта, кӕмӕ фӕсидти, уыдоны ӕмӕ, кӕй сраст кодта, уыдоны схайджын кодта Йӕ кадӕй. w

Хуыцауы уарзт

31Уымӕ ма цы бафтауӕм? Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ та чи у? 32Йӕ Фырты Чи нӕ бавгъау кодта, фӕлӕ Йӕ не’ппӕты сӕрвӕлтау нывондӕн Чи ӕрхаста, Уый нын Йемӕ ӕппӕт дӕр нӕ ратдзӕн, ӕви? x

33Чи фӕзылын кӕндзӕн Хуыцауы ӕвзӕрстыты? Хуыцау сӕ раст кӕны. y 34Чи сын стӕрхон кӕндзӕн? Чи амард, фӕлӕ ма мӕрдтӕй дӕр Чи райгас, уыцы Йесо Чырысти бады Хуыцауы рахизфарс ӕмӕ курӕг у мах тыххӕй. z

35Чырыстийы уарзтӕй мах ӕнӕхай чи фӕкӕндзӕн? Хъыг ӕви зынтӕ, ӕфхӕрд ӕви стонг, мӕгуырдзинад, тас ӕви кард? 36Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: aa «Дӕу кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕм
ӕрвылбон мӕлӕт ӕртхъирӕн кӕны;
нымайынц нӕ ӕргӕвдинаг фыстыл».

37Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттыл уӕлахиз кӕнӕм нӕ Бауарзӕджы хъаруйӕ. ab 38Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕууӕндын: нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр цард, нӕдӕр зӕдтӕ, нӕдӕр ӕндӕр тыхтӕ, нӕдӕр абон, нӕдӕр фидӕн, ac 39нӕдӕр уӕлӕрвтӕ, нӕдӕр дӕлзӕхх, — сфӕлдыст дунейы ахӕмӕй ницы разындзӕн, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы Хуыцау махӕн цы уарзт равдыста, уымӕй нӕ ӕнӕхай фӕкӕнын чи бафӕраза!
Copyright information for OssIBT2022