‏ Romans 9

Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд Израилӕн

1Чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕцӕгдзинад дзурын, нӕ сайын; ӕвдисӕн та мын у, Сыгъдӕг Уды дӕлбар чи ис, мӕ уыцы ӕфсарм. 2Мӕ хъыг уӕззау у, мӕ зӕрдӕ йӕ риссынӕй не’нцайы. 3Фӕлтау ӕлгъыст куы баййафин ӕмӕ, мӕ туг, ме стӕг чи у, мӕ уыцы ӕфсымӕрты сӕраппонд Чырыстийӕ куы фӕхицӕн уаин.

4Уыдон израилӕгтӕ сты; Хуыцау сӕ Йӕхицӕн хъӕбултӕ скодта, Йӕ кад сын раргом кодта, семӕ фидыдтӕ сарӕзта, радта сын Ӕгъдау, Хуыцаумӕ кувыны уаг, зӕрдӕтӕ сын бавӕрдта. 5Уыдонӕн ис рагфыдӕлтӕ; се’хсӕн райгуырди Чырысти дӕр, ӕппӕтыл Кӕй бар цӕуы, уӕлдӕр Кӕмӕй нӕй, уыцы Хуыцау. Арфӕгонд уӕд ӕнустӕм! Аммен. a

6Уый зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцау Йӕ ныхас фӕсайдта. Израилы байзӕддӕгтӕ се’ппӕт ӕцӕг израилӕгтӕ не сты. b 7Авраамӕн дӕр йӕ байзӕддӕгтӕ се’ппӕт йе’цӕг хъӕбултӕ не сты. Фӕлӕ Хуыцау загъта: «Исаакӕй чи райгуыра, уыдон уыдзысты нымад дӕ байзӕддӕгтыл». c 8Ома, ӕрдзон ӕгъдауӕй чи райгуырд, Хуыцауы хъӕбултӕ уыдон не сты, фӕлӕ, Хуыцауы зӕрдӕбавӕрдӕй чи райгуырд, уыдон нымад сты байзӕддӕгтыл. d 9Мӕнӕ уыцы зӕрдӕбавӕрд: «Ӕрцӕудзынӕн нысангонд рӕстӕджы, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу».

10Зӕгъӕм ма ноджыдӕр: Ревеккӕйӕн иу афон райгуырди дыууӕ лӕппуйы — нӕ фыдӕл Исаакӕй. 11Гуыргӕ дӕр нӕма ракодтой, хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницыма сарӕзтой, афтӕмӕй Хуыцау Ревеккӕйӕн загъта, цӕмӕй равдиса, цы снысан кодта, 12уый адӕймаджы хъуыддӕгтӕй нӕ, фӕлӕ Йӕхи фӕндонӕй аразгӕ кӕй у: «Хистӕр лӕггад кӕндзӕни кӕстӕрӕн». 13Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Йаковы бауарзтон,
Исав та Мын ӕнӕуынон сси».

14Уый цӕуыл дзурӕг у? Ау, Хуыцау раст нӕ кӕны? Ницы хуызы! 15Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Моисейӕн загъта: «Кӕмӕн Мӕ фӕнды Мӕ хорзӕх раттын,
уымӕн ӕй ратдзынӕн.
Кӕмӕн Мӕ фӕнды батӕригъӕд кӕнын,
уымӕн батӕригъӕд кӕндзынӕн».

16Уӕдӕ ӕппӕт дӕр аразгӕ у, адӕймаджы куыд фӕнды ӕмӕ хи хъаруйӕ цы кӕны, уымӕй нӕ, фӕлӕ хорзӕхдӕттӕг Хуыцауӕй. 17Хуыцау Сыгъдӕг Фысты зӕгъы фараонӕн: «Бӕрзонд бынаты дӕ Ӕз уымӕн сӕвӕрдтон, цӕмӕй дӕ фӕрцы равдисон Мӕ тых ӕмӕ цӕмӕй Мӕ ном айхъуыса ӕппӕт зӕххы цъарыл». 18Уӕдӕ афтӕ: кӕмӕн Ӕй фӕнды, уымӕн ратты хорзӕх ӕмӕ схивӕнд кӕны, кӕй Йӕ бафӕнды, уыдоны.

Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ Йӕ азар

19Исчи мӕ, чи зоны, бафӕрса: «Уӕдӕ ма нӕ цӕмӕй зылын кӕны? Йӕ уынаффӕйы ныхмӕ чи ӕрлӕудзӕн?» 20Ды та чи дӕ, адӕймаг, ӕмӕ Хуыцауимӕ быцӕу кӕнай? Мигӕнӕн йе скӕнӕгӕн, мыййаг, зӕгъдзӕн: «Афтӕ мӕ цӕмӕн скодтай?» 21Дурынгӕнӕгӕн ӕлыгыл йӕ бар нӕ цӕуы, ӕви, цӕмӕй иу ӕлыгӕй иу мигӕнӕн кадджын хъуыддагӕн скӕна, иннӕ та — иударонӕн? e

22Афтӕ Хуыцау дӕр — фӕндыд Ӕй Йӕ азар ӕмӕ Йӕ хъомыс равдисын, уӕддӕр тынг фӕразонӕй быхста, фесӕфынмӕ цӕттӕ чи уыд ӕмӕ Йӕ азар кӕуыл хъуамӕ ныккалдтаид, уыдонӕн. f 23Быхста, Йӕ хорзӕхӕй кӕй хъуамӕ схайджын кодтаид ӕмӕ кад райсынмӕ цӕттӕ чи уыд, уыдонӕн, цӕмӕй сын Йе стыр кад равдиса. g 24Уыцы адӕм мах стӕм — ӕрхуыдта нӕ канд иудейӕгтӕй нӕ, фӕлӕ муртаттӕгтӕй дӕр, h 25пехуымпар Осиайы чиныджы Хуыцау куыд зӕгъы, афтӕ: «Мӕ адӕм чи нӕ уыди,
уыдоны схондзынӕн Мӕ адӕм
ӕмӕ, кӕй нӕ уарзтон,
уый схондзынӕн Мӕ уарзон». i

26«Ӕмӕ сын афтӕ загъд кӕм уыд: „Сымах Мӕ адӕм не стут“,
уым сын дзурдзысты: „Сымах стут
Цардӕгас Хуыцауы хъӕбултӕ“».

27Исайа та Израилы тыххӕй зӕгъы: «Израилы фыртты нымӕц денджызы змисау куы уа, уӕд дӕр сӕ ӕрмӕст чысыл къорд фервӕздзӕн. 28Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ тӕрхон зӕххыл рахӕсдзӕни тагъд ӕмӕ цӕхгӕрӕй».

29Исайа ма ноджыдӕр афтӕ загъта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг ма
нӕ байзӕддӕгтӕй цасдӕры куынӕ ныууагътаид,
уӕд нӕ Содомы хъысмӕт баййӕфтаид,
Гоморрӕйы ӕмбисонд ныл ӕрцыдаид».

Ӕнӕуырнӕг Израил

30Уӕдӕ ныр цы зӕгъӕм? Хуыцауы цӕсты раст уӕвынмӕ нӕ тырныдтой муртаттӕгтӕ, фӕлӕ сраст сты — сӕ уырнындзинады фӕрцы. j 31Израил та тырныдта, цӕмӕй Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны фӕрцы Хуыцауы цӕсты сраст уа, фӕлӕ йӕ къухы нӕ бафтыд. k 32Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ дардта уырнындзинадыл нӕ, фӕлӕ хъуыддӕгтыл. Израилы адӕм фӕкалдысты, фӕкӕлӕн цы дурыл ис, ууыл, 33Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын Дур —
ӕмӕ Йыл фӕкӕлдзысты,
Къӕдзӕх — ӕмӕ сын цӕлхдур суыдзӕн.
Фӕлӕ Йыл чи ӕууӕнды,
уый нӕ фегад уыдзӕни». l
Copyright information for OssIBT2022