‏ Ruth 2

Руф базонгӕ Боазимӕ

1Наомийӕн йӕ лӕджы’рдыгӕй, Елимелехы мыггагӕй, уыди хӕстӕг — бонджын ӕмӕ дзырддзӕугӕ лӕг, йӕ ном — Боаз. 2Моаваг Руф загъта Наомийӕн: «Уӕд та хуыммӕ фӕцӕуин. Кӕд мӕм исчи дзӕбӕх цӕстӕй ракӕса, уӕд йӕ фӕстӕ ӕфсиртӕ уидздзынӕн». Наоми йын дзуапп радта: «Фӕцу, мӕ къона». 3Руф ацыд. Хуыммӕ бахӕццӕ ӕмӕ хуымгӕрдӕг адӕмы фӕстӕ ӕфсиртӕ уыгъта. Рауад афтӕ, ӕмӕ уыцы хуым разынди Елимелехы хӕстӕг Боазы. 4Уӕдмӕ Боаз ӕрбацыди Вифлеемӕй ӕмӕ хуымгӕрдджытӕн салам радта: «Дунедарӕджы хорзӕх уӕ уӕд!» Уыдон ын дзуапп радтой: «Дунедарӕг дын раарфӕ кӕнӕд!» 5Боаз йӕ лӕггадгӕнӕджы, хуымгӕрдджытӕм цӕстдарӕджы, бафарста: «Чи у ацы ӕрыгон сылгоймаг?» 6Уый йын загъта: «Моаваг у, Наомиимӕ ӕрбацыди Моавы быдырӕй. 7Хуымгӕрдджыты фӕстӕ цы ӕфсиртӕ аззайы, уыдон уидзыны бар ракуырдта. Ӕрбацыд ӕмӕ сӕумӕйӕ нырмӕ ӕнцой нӕ зоны».

8Боаз загъта Руфӕн: «Хъус-ма, мӕ къона, ӕндӕр хуыммӕ ма ацу уидзынмӕ, фӕлӕ ам лӕуу, мӕ сылгоймаг ӕххуырстытыл дӕхи бӕтт. 9Хуымгӕрдджытӕ кӕм кӕрдынц, ууыл дӕ цӕст хӕсс ӕмӕ сылгоймӕгты фӕстӕ уидз. Ӕз ме’ххуырстытӕн бафӕдзӕхсдзынӕн, ӕмӕ дӕ нӕ бахъыгдардзысты. Куы сдойны уай, уӕд бацу ӕмӕ, ме’ххуырстытӕ цъайӕ цы дон систой, ды дӕр уымӕй нуаз». 10Руф йӕ разы ӕрзоныг кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Уагӕр дын уый бӕрц цӕмӕй балхӕдтон дӕ зӕрдӕ, ӕмӕ, кӕд ӕндӕрбӕстаг дӕн, уӕддӕр мӕм де’ргом раздахай?» 11Боаз ын дзуапп радта: «Дӕ лӕджы амарды фӕстӕ де’фсинӕн цы хӕрзты бацыдтӕ, уыдон мын иууылдӕр радзырдӕуыд. Зонын ӕй: дӕ фыды дӕр, дӕ мады дӕр, дӕ райгуырӕн бӕстӕ дӕр ныууагътай ӕмӕ, ныронг кӕй нӕ зыдтай, уыцы адӕммӕ ӕрбацыдтӕ. 12Уый тыххӕй дын Дунедарӕг Йӕ хорзӕх раттӕд; дӕхи Йе’вджид бакӕнынмӕ Кӕмӕ ӕрбацыдтӕ, уыцы Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, дын ӕххӕст хӕрзиуӕг уӕд!» 13Руф загъта: «Бӕргӕ, амӕй фӕстӕмӕ дӕр дӕ хорзӕхӕй хайджын куы разынин, ме’лдар! Ныфсытӕ мын бавӕрдтай, ӕмӕ дӕ ныхӕстӕй дӕ цагъары зӕрдӕ барухс, афтӕмӕй та дӕ цагъайрагыл нымад уӕвыны аккаг дӕр нӕ дӕн».

14Сихорафон ын Боаз загъта: «Рацу ардӕм ӕмӕ къӕбӕр бахӕр, туаг сӕны дӕр-иу ӕй атул». Руф ӕрбадти хуымгӕрдджыты фарсмӕ. Боаз ӕм хъӕбӕрхоры цӕкуытӕ ралӕвӕрдта; Руф бахордта, уӕлдай дӕр ма йӕм баззади. 15Куы сыстади ӕфсиртӕ уидзынмӕ, уӕд Боаз йе’ххуырстытӕн бафӕдзӕхста: «Уадзут ӕй, ӕмӕ куыристы ӕхсӕн дӕр уидза, мачи йӕ хъыгдарӕд; 16дӕстӕгӕй дӕр ын-иу аппарут ӕмӕ-иу дзы фӕуадзут, уадз ӕмӕ уидза, стӕй йӕ ма ӕфхӕрут».

17Руф суанг изӕрмӕ ӕфсиртӕ фӕуыгъта хуымы. Базгъӕлдта сӕ, ӕмӕ дзы иу ефӕйы бӕрц хъӕбӕрхор ӕрӕвзӕрди. 18Хор сахармӕ ахаста, ӕмӕ йе’фсин федта, цӕйбӕрц ӕрӕмбырд кодта, уый. Сихорӕй йӕм уӕлдай цы баззади, уый систа Руф ӕмӕ йӕ йе’фсинмӕ балӕвӕрдта. 19Ӕфсин ын загъта: «Кӕм ӕмбырд кодтай абон ӕфсиртӕ? Кӕмӕ куыстай? Хуыцауы арфӕ йыл сӕмбӕлӕд, дӕу чи суазӕг кодта!» Руф йе’фсинӕн радзырдта, кӕм куыста, уый: «Абон кӕмӕ куыстон, уыцы лӕгӕн йӕ ном у Боаз». 20Наоми йӕ чындзӕн загъта: «Дунедарӕджы арфӕ йыл сӕмбӕлӕд! Дунедарӕджы хорзӕх ӕгӕстыл дӕр ӕмӕ мӕрдтыл дӕр ӕххӕссы». Ӕмӕ йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ӕрвад нын ӕййафы — махыл фӕхӕцын йӕ хӕс кӕмӕн у, уыцы къабӕзтӕй». 21Моаваг Руф ын афтӕ: «Боаз мын ноджыдӕр загъта: „Ме’ххуырстытыл дӕхи бӕтт, цалынмӕ карст фӕуой мӕ хуым, уӕдмӕ“». 22Наоми йӕ чындз Руфӕн загъта: «Хорз, мӕ къона, ӕгайтма уый сылгоймаг-ӕххуырстытимӕ кусдзынӕ, науӕд дӕ, чи зоны, ӕндӕр хуымы ӕфхӕрӕг дӕр разындаид».

23Афтӕ Руф йӕхи Боазы ӕххуырстытыл баста, ӕмӕ ӕфсиртӕ уыгъта, цалынмӕ хъӕбӕрхор дӕр ӕмӕ мӕнӕу дӕр карст фесты, уӕдмӕ. Цӕргӕ та кодта йе’фсинимӕ.
Copyright information for OssIBT2022