Ruth 3
Руф ӕмӕ Боаз мусы
1Иуахӕмы Наоми загъта Руфӕн: «Дӕ амонд куыд ссарай, афтӕ дын къонайы мӕт куы бакӕнин, уый мӕ зӕрды ис, мӕ хъӕбул. 2Уӕртӕ кӕй ӕххуырстытимӕ куыстай, нӕ уыцы хӕстӕг Боаз ахсӕв мусы хъӕбӕрхор дымгӕмӕ дары. 3Дӕхи цынай, хӕрздӕфгӕнӕнтӕй дӕхимӕ базил, дӕ дзӕбӕхдӕр фӕлыст скӕн ӕмӕ мусмӕ фӕцу. Ӕрмӕст, цалынмӕ бахӕра ӕмӕ бануаза Боаз, уӕдмӕ йӕм дӕхи ма равдис. 4Кӕм хуысдзӕни, уыцы бынат базон; бацу, дӕлфӕдты’рдыгӕй йын йе’мбӕрзӕныл схӕц ӕмӕ уым ӕрхуысс. Йӕхӕдӕг дын зӕгъдзӕни, цы гӕнгӕ у, уый». 5Руф ын дзуапп радта: «Цыдӕриддӕр мын загътай, уый бакӕндзынӕн». 6Мусмӕ фӕцыд ӕмӕ йын йе’фсин куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта. 7Боаз бахордта ӕмӕ бануӕзта, йӕ зӕрдӕ бахъӕлдзӕг ӕмӕ кӕрийы цур бахуыссыди. Руф ӕнӕ уынӕрӕй бацыд, йӕ дӕлфӕдты’рдыгӕй йын йе’мбӕрзӕныл схӕцыд ӕмӕ ӕрхуыссыди. 8Ӕмбисӕхсӕвтыл фестъӕлфыди Боаз, рабадти, кӕсы — ӕмӕ йӕ дӕлфӕдтӕм сылгоймаг хуыссы. 9Бафарста йӕ: «Кӕцы дӕ уый?» Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Руф дӕн ӕз, дӕ цагъар; дӕ дӕлбазыр мӕ бакӕн — хӕстӕг нын куы ӕййафыс». 10Боаз загъта: «Дунедарӕджы арфӕ дыл сӕмбӕлӕд, мӕ къона! Амӕй размӕ фаг иузӕрдион уыдтӕ, ныр та ноджы иузӕрдиондӕр разындтӕ: хъӕздыг уой ӕви мӕгуыр — ӕрыгон нӕлгоймӕгтӕ агурыныл не схӕцыдтӕ. 11Уӕдӕ афтӕ, мӕ къона: тӕрсгӕ ма кӕн, цыдӕриддӕр загътай, уыдӕттӕ дын сараздзынӕн, уымӕн ӕмӕ хӕрзӕгъдау сылгоймаг кӕй дӕ, уый нӕ сахар иууылдӕр зонынц. 12Хӕстӕджытӕ кӕй стӕм, уый раст у, фӕлӕ дын мӕнӕй хӕстӕгдӕр ӕрвад дӕр ис. 13Ныр уал бахсӕвиуат кӕн. Йӕ хӕс куыд у, афтӕ дӕ йе’вджид бакӕныныл кӕд сразы уа уыцы къабаз райсом, уӕд хорз; кӕд ӕй нӕ бафӕнда, уӕд та дӕ, сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, мӕхи ӕвджид бакӕндзынӕн! Амӕй ӕрбабонмӕ уал хуысс». 14Боазы дӕлфӕдтӕм фӕхуыссыди бонивайӕнтӕм Руф ӕмӕ, адӕймаджы цӕсгом базонӕн нӕма уыд, афтӕ сӕударӕй сыстад, уымӕн ӕмӕ Боаз ахъуыды кодта: «Ацы сылгоймаг мусмӕ ӕрбацыд, уый мачи базонӕд». 15Стӕй йын ноджыдӕр загъта: «Рафтау-ма дӕ уӕлгуыр ӕмӕ йӕ ӕрбадар». Руф ӕм ӕй бадардта, ӕмӕ дзы Боаз ӕхсӕз мӕрты хъӕбӕрхор сӕвгӕдта, сӕккой йын ӕй кодта, йӕхӕдӕг сахармӕ ацыд. 16Руф сӕхимӕ куы’рбаздӕхт, уӕд ӕй йе’фсин бафарста: «Цы бадӕ, мӕ къона?» Боаз ын цы бакодта, уыдӕттӕ йын Руф иууылдӕр радзырдта. 17Ноджы ма загъта: «Мӕнӕ мын хъӕбӕрхоры ӕхсӕз мӕрты радта, де’фсинмӕ афтидармӕй ма ацу, зӕгъгӕ». 18Наоми загъта: «Хъуыддаг йӕхи бар ауадз; цӕуыл ахицӕн уыдзӕн, уымӕ банхъӕлмӕ кӕс, мӕ къона. Уыцы лӕг хъуыддаг тӕккӕ абон ӕнӕ алыггӕнгӕ нӕ фӕуыдзӕн».
Copyright information for
OssIBT2022