Ruth 4
Боаз ракуырдта Руфы
1Боаз сахары кулдуары цурмӕ рацыд ӕмӕ уым сбадти. Кӕй кой кодта, уыцы ӕрвад иуафон йӕ рӕзты фӕцӕйцыд. Боаз ӕм сдзырдта: «Раздӕх ӕмӕ сбад мӕ фарсмӕ». Уый ӕрбаздӕхт ӕмӕ ӕрбадт. 2Боаз сахары хистӕртӕй дӕс лӕгмӕ фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Ам ӕрбадут». Уыдон ӕрбадтысты. 3Уӕд Боаз йӕ хӕстӕгӕн загъта: «Моавы бӕстӕй чи ӕрбаздӕхт, уыцы Наоми не’рвад Елимелехы зӕххы хай уӕй кӕны. 4Хабар дӕуӕн зӕгъинагыл банымадтон: балхӕн ӕй — ам чи бады, уыдон ӕмӕ дын мӕ адӕмы хистӕртӕ ӕвдисӕн уыдзысты. Кӕд дӕхимӕ ӕрвады хӕс исыс, уӕд ӕй балхӕн. Кӕд разы нӕ дӕ, уӕд мын ӕй зӕгъ, ӕмӕ йӕ зонон; уымӕн ӕмӕ йӕ иннӕты разӕй дӕуӕн ӕмбӕлы балхӕнын, дӕ фӕстӕ та — мӕнӕн». Уый йын дзуапп радта: «Ӕз ӕй балхӕндзынӕн». 5Боаз дарддӕр дзырдта: «Наомийӕ зӕхх куы балхӕнай, уӕд моаваг Руф дӕр дӕуӕн кургӕ у, йӕ мард лӕджы исбон йӕ фӕдонтӕн куыд баззайа, афтӕ». 6Уӕд ын йӕ хӕстӕг дзуапп радта: «Ӕрвады хӕс мӕхимӕ райсын нӕу мӕ бон — уӕд мӕхи мулк хӕлӕттаг фӕуыдзӕн. Ды райс уыцы хӕс дӕхимӕ, мӕнӕн мӕ бон нӕу». 7Ӕрвады хӕс исыны, науӕд исты ивыны рӕстӕг Израилы кӕддӕр уыди ахӕм ӕгъдау: иу адӕймаг-иу хъуамӕ йӕ дзабыр раластаид ӕмӕ йӕ иннӕмӕ раттаид. Уый Израилмӕ нымад уыди фидыды ӕвдисӕйнагыл. 8Ӕмӕ Боазӕн йе’рвад загъта: «Дӕхӕдӕг ӕй балхӕн». Уыйадыл раласта йӕ дзабыр ӕмӕ йӕм ӕй балӕвӕрдта. 9Боаз хистӕртӕн ӕмӕ, уым чи уыди, уыцы ӕппӕт адӕмӕн загъта: «Ныр сымах ӕвдисӕнтӕ стут, Елимелехы мулк ӕнӕхъӕнӕй, стӕй Килеон ӕмӕ Махлоны исбон ӕнӕхъӕнӕй Наомийӕ кӕй балхӕдтон, уымӕн. 10Ноджы ма курын Махлоны усы, моаваг Руфы, дӕр, йӕ мард лӕджы исбон йӕ фӕдонтӕн куыд баззайа, йӕ ном та йе’рвадӕлты ӕмӕ сахары цӕрджыты’хсӕн куыннӕ фесӕфа, афтӕ; абон мын сымах ӕвдисӕнтӕ фӕут». 11Кулдуары цур цы адӕм уыди, уыдон, стӕй хистӕртӕ иууылдӕр иумӕ дзуапп радтой: «Ӕвдисӕнтӕ стӕм! Дӕ къӕсӕрыл цы сылгоймаг бахиздзӕн, уый, ӕгас Израил кӕмӕй рантысти, уыцы Рахел ӕмӕ Леайы фарнӕй схайджын кӕнӕд Дунедарӕг! Ефрафӕйы дын бирӕ бантысӕд, дӕ ном нӕрӕд Вифлеемы! 12Дунедарӕг дын ацы ӕрыгон сылгоймагӕй цы байзӕддаг ратдзӕн, уымӕй дӕ хӕдзар, Тамар Иудӕйӕн кӕй ныййардта, уыцы Парецы хӕдзары хуызӕн суӕд». 13Боаз ракуырдта Руфы. Ӕмуат ӕрцыдысты, ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндӕй Руф банхъӕлцау, лӕппу йын райгуырди. 14Ӕмӕ сылгоймӕгтӕ Наомийӕн дзырдтой: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, ӕгайтма дӕ ӕнӕ бындарӕй нӕ ныууагъта! Йӕ ном скадджын уӕд Израилы! 15Зӕрдӕрухсы хос дын уыдзӕн, дӕ зӕронды бонты та ӕнӕ дарӕгӕй нӕ баззайдзынӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ дӕ чындз, чи дӕ уарзы, уыцы чындз ныййардта — авд фыртӕй дӕр дын хуыздӕр чи у!» 16Наоми сабийы йӕ хъӕбысмӕ райста ӕмӕ йӕ хъомыл кодта. 17Сыхы сылгоймӕгтӕ йыл ном сӕвӕрдтой — Овед. Уыдон дзырдтой: «Наомийӕн лӕппу райгуырди». Овед у Йессейы, Давиды фыды, фыд.Паддзах Давиды фыдӕлтӕ
18Мӕнӕ уын Парецы хӕдзарвӕндаг: Парецӕй райгуырд Есром; 19Есромӕй райгуырд Рам; Рамӕй райгуырд Аминадав; 20Аминадавӕй райгуырди Нахшон; Нахшонӕй райгуырди Салмон; 21Салмонӕй райгуырди Боаз; Боазӕй райгуырд Овед; 22Оведӕй райгуырд Йессей; Йессейӕ райгуырди Давид.
Copyright information for
OssIBT2022