Song of Solomon 1
Фыццаг зарӕг
1Соломоны зарджытӕн сӕ хуыздӕр.Чызг — йӕ уарзонӕн: — О, бафсад мӕ дӕ батӕй!
Дӕ рӕвдыд — адджындӕр сӕнӕй!
2Дӕ хӕрздӕф хъары уӕлдӕфы,
дӕ ном у адджын миррӕйы хӕрздӕфау,
чызджытӕ дӕ уымӕн уарзынц.
3О, ахон мӕ, мах лидздзыстӕм дӕ фӕдыл!
О, паддзах мӕ ӕрбакодта йӕ галуанмӕ!
Йерусалимы чызджытӕ: — Зӕрдӕскъӕфт фӕуыдзыстӕм ӕмӕ дыл цин кӕндзыстӕм,
дӕ рӕвдыд дын сӕнӕй фылдӕр стаудзыстӕм —
аккаг уарзтӕй дӕ уарзынц чызджытӕ!
Чызг: 4— Йерусалимы чызджытӕ!
О, сау дӕн ӕз, фӕлӕ рӕсугъд —
кедаронты халагъудтау, ▼
▼Кедаронтӕ — араббаг знӕм Цӕгат Аравийы. Кедар — Измаелы фырттӕй иу (Райд 25:13).
Соломоны цатыртау.5О, сау дӕн, уымӕ ма кӕсут —
мӕ буар хурмӕ басыгъди.
Ме’фсымӕртӕ мӕм смӕсты сты:
сӕ сӕндӕттӕм мын бафӕдзӕхстой зилын —
мӕхи сӕндон нӕ бахъахъхъӕдтон!
Чызг: 6— Зӕгъ-ма мын, мӕ уарзон,
кӕм хизыс дӕ фосы дзуг,
кӕм улӕфыс ӕмбисбон йемӕ?
Дӕу агурӕг кӕдмӕ зилдзынӕн
де’мбӕлтты рӕгъӕуттыл?
Йерусалимы чызджытӕ: 7— Уӕ, сылгоймӕгты рӕсугъддӕр!
Кӕд уыдӕттӕ нырмӕ нӕ зоныс,
уӕд цу ӕмӕ фыййӕутты цатырты алыварс
хиз дӕ фыстӕ ӕмӕ дӕ сӕгъты.
Лӕппу: 8— О мӕ хур!
Фараоны бӕхуӕрдоны кӕй баифтындзынц,
уыцы ефсимӕ дӕ абарин!
9Куыд рӕсугъд сты фӕлындӕнты бын дӕ рустӕ,
фӕрдгуыты бын дӕ дӕллагхъуыр куыд аив у!
10Сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ дын сараздзыстӕм,
саив сӕ кӕндзыстӕм ӕвзистӕй.
Чызг: 11— Цалынмӕ паддзах йӕ фынджы уӕлхъус бадти,
уӕдмӕ мӕ кӕрдӕджыты хӕрздӕф уӕлдӕфы нӕ атад.
12Мӕ уарзон хӕрздӕфгӕнаг миррӕйау ӕрӕнцадис мӕ риуыл.
13Мӕ уарзон мӕнӕн — Ен-Гедийы сӕндӕтты дидинджыты хӕрздӕф!
Лӕппу: 14— О мӕ уарзон, цӕй диссаджы рӕсугъд дӕ!
Бӕлӕтты’нгӕс — дӕ цӕстытӕ.
Чызг: 15— О мӕ зынаргъ, цӕй диссаджы рӕсугъд дӕ!
Нӕ хуыссӕн — цъӕх нӕуу,
16нӕ уӕлхӕдзар — нӕзытӕ,
нӕ систӕ — кипаристӕ.
Copyright information for
OssIBT2022