‏ Song of Solomon 2

Чызг: 1— Ӕз — шаройнаг нарцисс, дӕлвӕзты кӕркусӕг!
Лӕппу: 2— Кӕркусӕг сындзыты’хсӕн ивддзаг куыд нӕ кӕны,
афтӕ мӕ уарзон чызджыты астӕу бӕрӕг дары.
Чызг: 3— Фӕткъуы бӕлас хъӕддаг бӕлӕсты’хсӕн
ивддзаг куыд нӕ кӕны,
афтӕ мӕ уарзон лӕппуты астӕу бӕрӕг дары;
ӕхсызгон мын у йӕ аууоны бадын,
адджын мын сты йӕ дыргътӕ.
4Мӕ уарзон мӕ йӕ куывдмӕ бахуыдта,
йӕ уарзты тырыса фӕйлауы мӕ сӕрмӕ.
5Фӕфидар мӕ кӕнут адджинӕгтӕй,
фӕткъуытӕй мӕ ауазал кӕнут,
уымӕн ӕмӕ судзын фыр уарзтӕй!
6Йӕ галиу къух мын бакодта мӕ сӕры бын,
рахизӕй мӕ’рбатыхта йӕ хъӕбысы.
7Йерусалимы чызджытӕ!
Сычъитӕ ӕмӕ быдираг хъуазтӕй расомы кӕнут:
ма райхъал кӕнут уарзт, ма йӕ фӕхъыгдарут,
цалынмӕ йӕхи бафӕнда, уӕдмӕ!
Чызг: 8— Мӕ уарзоны хъӕлӕс хъуысы!
Хӕхтӕ ӕмӕ къуыбырты сӕрты мӕм гӕппытӕгӕнгӕ’рбазгъоры.
9Сычъийы хуызӕн, саджы’нгӕс у мӕ уарзон.
Мӕнӕ нӕ сисы цур ӕрлӕууыди, рудзынгмӕ кӕсы,
хызӕджы уылты’рбакӕсы мидӕмӕ.
10Мӕ уарзон мӕм дзуры:
«Сыст, мӕ хур, мӕ рӕсугъд, ракӕс мӕм ӕддӕмӕ!
11Кӕсыс, зымӕг фӕцис, уарынтӕ банцадысты,
12зӕххы бынӕй дидинджытӕ скастысты;
зарын афон ралӕууыд, нӕ бӕстӕйы бӕлӕтты зарын хъуысы.
13Фӕкъуыбар сты легъуи бӕлӕстӕ,
дидинӕг калынц сӕнӕфсиры талатӕ,
сӕ хӕрздӕф хъары уӕлдӕфы.
Сыст, мӕ уарзон, ракӕс мӕм ӕддӕмӕ!
14О, мӕ бӕлон, комы айнӕджы бын чи бамбӕхст!
Ратт мын дӕ феныны бар, фехъусын мын кӕн дӕ хъӕлӕс —
адджын у дӕ хъӕлӕс, дӕ цӕсгом — диссаджы рӕсугъд!»

15— Ӕрцахсут-ма нын рувӕсты ӕмӕ сӕ лӕппынты!
Нӕ сӕндӕттӕ нын сафынц сӕ тӕккӕ дидинӕг ӕфтаугӕйӕ!
Чызг: 16— Мӕ уарзон мӕн у, ӕз та уый дӕн,
йӕ дзуг кӕркусӕгты’хсӕн хизы.
17Цалынмӕ нӕма сбон ис
ӕмӕ аууӕттӕ нӕ фӕцыдӕр сты,
уӕдмӕ саг кӕнӕ сычъийау
хӕхты цъассытыл лидзгӕ кӕн, мӕ уарзон!
Copyright information for OssIBT2022