Song of Solomon 3
Чызг: 1— Ӕхсӕвы мӕ уарзоны агуырдтон мӕ хуыссӕны,фӕлӕ йӕ не ссардтон.
2Уӕдӕ ныр сыстон ӕмӕ сахарыл ӕрзилон, уынгты ӕмӕ фӕзты
агурон мӕ уарзоны.
Фӕцагуырдтон ӕй, фӕлӕ йӕ не ссардтон.
3Хъахъхъӕнджытыл амбӕлдтӕн —
уыдон зылдысты сахарыл,
фарстон сӕ: «Нӕ мын федтат мӕ уарзоны?»
4Куыддӕр сӕ цурӕй ацыдтӕн,
афтӕ дын мӕ уарзоны куы ссарин!
Ныххӕцыдтӕн ыл, нал ӕй суӕгъд кодтон,
цалынмӕ йӕ не’рбакодтон
мӕ мады хӕдзармӕ,
мӕ ныййарӕг мады уатмӕ.
5Йерусалимы чызджытӕ!
Сычъитӕ ӕмӕ быдираг хъуазтӕй расомы кӕнут:
ма райхъал кӕнут уарзт, ма йӕ фӕхъыгдарут!
Адӕм: 6— Акӕсут-ма, ӕдзӕрӕг быдырӕй
арты фӕздӕгау чи ссӕуы,
йӕ алыварс — буд ӕмӕ миррӕйы хӕрздӕф,
алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзынц йӕ разы, афтӕмӕй?
7Мӕнӕ — Соломоны къухтыхӕсгӕ паддзахы бадӕн,
йӕ разы — ӕхсай гуыппырсары,
Израилы тыхджындӕртӕ.
8Се’ппӕт дӕр — фӕлтӕрд ӕфсӕддонтӕ,
кӕрдтӕй — ифтонг;
алкӕмӕн дӕр — йӕ кард йӕ фарсыл:
ӕхсӕвыгон мацӕмӕй уа тас.
9Соломон йӕ паддзахы бадӕн
сарӕзта ливайнаг нӕзытӕй;
10йӕ цӕджындзтӕ — ӕвзистӕй,
йӕ фӕсонӕнцайӕн — сыгъзӕринӕй,
йӕ бадӕн — сӕнт сырх хъуымацӕй фӕлыст,
Йерусалимы чызджытӕ йӕ
зӕрдиагӕй саив кодтой мидӕгӕй.
11Сионы чызджытӕ!
Рацӕут ӕмӕ паддзах Соломоны кады худ фенут!
Йӕ ныййарӕг мад ыл ӕй
йӕ чындзӕхсӕвы,
йӕ цины бон ӕркодта!
Copyright information for
OssIBT2022