‏ Song of Solomon 4

Лӕппу: 1— О, цӕй рӕсугъд дӕ, мӕ уарзон,
цӕй диссаджы рӕсугъд дӕ!
Хызы бын бӕлӕтты’нгӕс — дӕ цӕстытӕ!
Галаады хохы сӕрӕй цыма сӕгътӕ’рцӕйцӕуынц,
уыйау дӕ дзыккутӕ фӕйлауынц.
2Ногӕлвыд фыстӕ цыма найӕнӕй рацӕуынц,
уыйау урс сты дӕ дӕндӕгтӕ;
алкӕмӕн дӕр дзы — фӕйнӕ уӕрыччы,
иу дӕр дзы йӕ ныййарӕг мадӕн сӕфт нӕу.
3Дӕ былтӕ сты сырх ленты’нгӕс, хӕрзаив.
Хызы бын дӕ рустӕ гранаты’рдджытау — сырх.
4Давиды мӕсыг — тохы бонӕн амад,
уый ӕнгӕс — дӕ хъуыр:
мин уартӕй йӕ сфӕлыстӕуыд,
иууылдӕр — ӕфсӕддонты уартытӕ.
5Дӕ риутӕ — саджы дыууӕ лӕппыны
кӕнӕ сычъийы фаззӕттӕ, кӕркусӕгты’хсӕн хизынц.
6Цалынмӕ нӕма сбон ис ӕмӕ аууӕттӕ нӕ фӕцыдӕр сты,
уӕдмӕ ацӕудзынӕн дидинфӕлыст хохмӕ, буд бӕлӕсты къуыбырмӕ.
7О мӕ уарзон!
Къахӕй сӕрмӕ диссаджы рӕсугъд дӕ!
Иу аипп дӕр дӕм нӕй ссарӕн!
8Мӕ къайаг, цом мемӕ Ливанӕй!
Фӕтагъд мӕм кӕн Аманайы хохы сӕрӕй,
Сенир ӕмӕ Ермоны бӕрзӕндтӕй, домбӕйтты лӕгӕтӕй,
фыранчытӕ цы хӕхты’мбӕхсынц, уырдыгӕй!
9Мӕ хо, мӕ къайаг,
зӕрдӕскъӕфт мӕ фӕкодтай дӕ иу бакастӕй,
ӕрмӕст дӕ хъуырыл ауыгъд фӕрдгуытӕй!
10О мӕ хо, мӕ къайаг!
Куыд ӕхсызгон мын у дӕ рӕвдыд, о, цас адджындӕр у сӕнӕй!
Дӕ буары хӕрздӕф — дунейы ӕппӕт хӕрздӕфгӕнӕнтӕй хуыздӕр!
11О, мӕ къайаг! Дӕ былтӕ — адджындӕр мыдӕй,
де’взаджы бынӕй тӕдзы ӕхсыр ӕмӕ мыд,
дӕ дарӕсы тӕф — ливайнаг нӕзыты хӕрздӕфау.
12О, мӕ хо, мӕ къайаг!
Ӕхгӕд дыргъдон, ӕхгӕд цъайы ӕнгӕс дӕ!
Ды — донгуырӕн, фӕлӕ дӕ нуазӕн нӕй!
13 14Дӕ дыргъдоны зайынц гранат бӕлӕстӕ,
ӕмбисонды хӕрзад дыргътимӕ;
шафран, хӕрздӕфгӕнаг хъӕз ӕмӕ корицӕ,
алыхуызон буд бӕлӕстӕ;
алой ӕмӕ миррӕ — алы диссаджы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ.
15Дӕ дыргъдоны астӕу — донгуырӕн,
ног донимӕ цъай, Ливаны хӕхтӕй кӕлы.
Чызг: 16— О, райхъал у, цӕгаты дымгӕ!
О хуссары дымгӕ, фӕзын!
Мӕ дыргъдоныл мын радым,
уадз, йӕ хӕрздӕф уӕлдӕфы ахъара!
Уадз, мӕ уарзон ӕрбацӕуа йӕ дыргъдонмӕ,
йӕ адджын дыргътӕй йын бахӕра!
Copyright information for OssIBT2022