‏ Song of Solomon 5

Лӕппу: 1— Мӕ хо, мӕ къайаг!
Ӕз ӕрбацыдтӕн мӕ дыргъдонмӕ,
ӕрӕмбырд кодтон мӕ миррӕ, мӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ;
бахордтон мӕ мыдӕй, бануӕзтон мӕ сӕн ӕмӕ ме’хсырӕй.
Йерусалимы чызджытӕ: — Хӕрут ӕмӕ нуазут, лымӕнтӕ!
Нуазгӕ кӕнут, уӕхи бафсадут, уарзӕттӕ!
Чызг: 2— Фынӕй кӕнын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ хъал у,
ӕз хъусын — хойы мӕм мӕ уарзон:
«Мӕ хо, мӕ уды гага, мӕ сыгъдӕг бӕлон, байгом мын кӕн дуар!
Ӕхсӕвы уымӕлӕй мӕ сӕры хъуын ныддонласт».
3Ныридӕгӕн мӕ дарӕс раластон, куыд ма йӕ скӕнон ногӕй?
Ӕхсад сты мӕ къӕхтӕ, фӕстӕмӕ сӕ куыд чъизи кӕнон?
4Мӕ уарзон мӕм дуары зыхъхъырӕй йӕ къух ӕрбадардта,
ӕмӕ мӕ зӕрдӕ, ризгӕйӕ, ныггуыпп-гуыпп кодта.
5Ӕз сыстадтӕн, цӕмӕй мӕ уарзонӕн дуар байгом кӕнон,
миррӕйы’ртӕхтӕ мӕ къухтӕй, ме’нгуылдзтӕй, гуыдырыл тагъдысты.
6Дуар байгом кодтон мӕ уарзонӕн,
фӕлӕ уӕдмӕ уым нал уыд, ацыди.
Фӕцыдӕр ис, ӕмӕ фӕцӕйтыдта мӕ зӕрдӕ,
агуырдтон ӕй, фӕлӕ йӕ нал ардтон,
сидтӕн ӕм, фӕлӕ мын дзуапп нӕ лӕвӕрдта.
7Хъахъхъӕнджытыл сӕмбӕлдтӕн — зылдысты сахарыл.
Фӕнадтой мӕ, фӕцӕфтӕ мӕ кодтой,
мӕ уӕлӕфтау мын раластой мӕ уӕлӕйӕ
сахары систӕ хъахъхъӕнджытӕ!
8Йерусалимы чызджытӕ! Расомы кӕнут:
мӕ уарзоныл мын куы сӕмбӕлат,
уӕд-иу ын зӕгъут, фыр уарзтӕй мӕ туг кӕй байсысти!
Йерусалимы чызджытӕ: 9— О, сылгоймӕгты рӕсугъддӕр!
Дӕ уарзон иннӕтӕй цӕмӕй хуыздӕр у?
Ард хӕрын нын цӕмӕн кӕныс?
Чызг: 10— Мӕ уарзон урсцъар у, сырхуадул,
дӕс мин лӕджы’хсӕн йемӕ абарӕн дӕр никӕй ис!
11Йӕ сӕр — сыгъдӕг сыгъзӕрин,
йӕ сӕрыхъуынтӕ — къӕбӕлдзыг, сынты базыртау сау.
12Йӕ цӕстытӕ доны был бадӕг бӕлӕттау
сӕхи найынц ӕхсыры, цады цур бадынц.
13Йӕ рустӕ — дидинджыты къох,
сӕ хӕрздӕф хъары уӕлдӕфы.
Йӕ былтӕ сты кӕркусӕгты’нгӕс,
миррӕйы сой сӕ тӕдзы.
14Йӕ къухтӕ — сыгъзӕрин кӕхцытӕ,
топазтӕй сӕ сфӕлыстӕуыд.
Йӕ гуыбын — пылыстӕг,
цыма йӕ саив кодтой сапфиртӕй.
15Йӕ уӕрджытӕ — мраморӕй конд цӕджындзтӕ,
сӕ бындуры — сыгъзӕрин бынӕнцайӕнтӕ.
Мӕ уарзон у Ливаны хӕхты’нгӕс,
ливайнаг нӕзытау — фыр рӕсугъд!
16Йӕ былтӕ — адджын, алцӕмӕй йӕхимӕ’лвасы.
О, Йерусалимы чызджытӕ!
Ахӕм у мӕ уарзон, ахӕм у мӕ лымӕн!
Copyright information for OssIBT2022