‏ Song of Solomon 6

Йерусалимы чызджытӕ: 1— О сылгоймӕгты рӕсугъддӕр!
Кӕдӕм ацыди дӕ уарзон?
Кӕцырдӕм фӕраст ис?
Цом, иумӕ йӕм агурӕг фӕцӕуӕм.
Чызг: 2— Мӕ уарзон йӕ дыргъдонмӕ ныццыди,
дидинджыты хӕрздӕфгӕнаг къохмӕ;
уым хиздзӕнис йӕ дзуг,
кӕркусӕгтӕ ӕмбырд кӕндзӕнис.
3Мӕ уарзон мӕн у, ӕз та уый дӕн,
йӕ фысты дзуг кӕркусӕгты’хсӕн хизы.
Лӕппу: 4— О мӕ уарзон!
Йерусалимау, Тирцайау рӕсугъд дӕ,
тырысатимӕ цӕуӕг ӕфсӕдтау — тасӕфтауӕг!
5О, ма мӕм кӕс, дӕ цӕстӕнгас мӕ судзы!
6Галаады хохы сӕрӕй цыма сӕгътӕ’рцӕйуайынц,
уыйау дӕ дзыккутӕ фӕйлауынц;
ногӕлвыд фыстӕ цыма найӕнӕй рацӕйцӕуынц,
уыйау урс сты дӕ дӕндӕгтӕ;
алкӕмӕн дӕр дзы — фаззон,
иу дӕр дзы иунӕг нӕу.
7Хызы бынӕй гранаты’рдджытау сырхӕй зынынц дӕ рустӕ.

8Ӕртиссӕдз — мӕ ус-паддзӕхтӕ,
мӕ номылустытӕ — цыппарыссӕдзы, ӕнӕнымӕц — чызджытӕ,
9фӕлӕ се’хсӕн иунӕг уый равзӕрстон — мӕ сыгъдӕг бӕлоны;
йӕ ныййарӕг мадӕн — иунӕг чызг, йӕ цӕсты рухс.
Чызджытӕ йӕм кӕсынц ӕмӕ йӕ стауынц,
кад ын кӕнынц ус-паддзӕхтӕ ӕмӕ номылустытӕ.
Йерусалимы чызджытӕ: 10— Чи у уый, чи ӕрттивы сӕуӕхсидау?
Мӕйау диссаджы рӕсугъд чи у?
Чи ныррухс ис хурау?
Тырысатимӕ цӕуӕг ӕфсӕдтау чи у тасӕфтауӕг?
Чызг: 11— Ӕз ӕрцыдтӕн ӕнгуз бӕлӕсты къохмӕ —
дӕлвӕзы халсартӕм бакӕсынмӕ:
сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ гранаттӕ дидинӕг ӕфтауынц ӕви нӕ.
12Мӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бамбӕрстон, афтӕ куыд рауадис, уый,
фӕлӕ мӕ адӕмы уӕздӕттӕн сӕ уӕрдӕтты цур февзӕрдтӕн!
Copyright information for OssIBT2022