Song of Solomon 7
Йерусалимы чызджытӕ: 1— О, раздӕх-ма, раздӕх, Суламитӕ!Раздӕх-ма, ӕмӕ дӕм бакӕсӕм!
Лӕппу: — Цӕмӕн кӕсут Суламитӕмӕ,
раст цыма маханаимаг кафт кӕны, уыйау?
2О номджын мыггаджы чызг!
Куыд рӕсугъд сты къахыдарӕсы дӕ къӕхтӕ!
Фӕрдгуыты’нгӕс — дӕ синтӕ,
дӕсны нывгӕрдӕг сӕ сфӕлдыста!
3Дӕ бикъ — тымбыл кӕхцы ӕнгӕс,
хӕрздӕф сӕн ӕвидигӕ у йӕ мидӕг;
мӕнӕугӕрдӕджы дидинбаст — дӕ гуыбын,
кӕркусӕгтӕ йӕ алыварс.
4Дӕ риутӕ — саджы дыууӕ лӕппыны, сычъийы фаззӕттӕ.
5Дӕ хъуыр — пылыстӕгӕй конд мӕсыгау.
Баш-Раббимы кулдуары цур — Хешбоны донуӕттӕ,
уыдоны’нгӕс — дӕ цӕстытӕ.
Цыма ливайнаг мӕсыг Дамаскы’рдӕм кӕсы,
уый ӕнгӕс — дӕ фындз.
6Дӕ сӕр — Кармелы хох,
дӕ сӕрыхъуынтӕ — сӕнт сырх,
дӕ къӕбӕлдзыг дзыккутӕ
фӕсырдтой йе’нцой паддзахӕн.
7Цӕй рӕсугъд дӕ, мӕ уарзон,
дӕ хӕрзаивӕй зӕрдӕйӕн цӕй адджын дӕ!
8Дӕ гуыр хӕрзконд у пальмӕйау,
дӕ риутӕ — сӕнӕфсиры цупӕлттӕ.
9Ӕз ахъуыды кодтон: схиздзынӕн пальмӕмӕ,
баныхӕсдзынӕн йӕ къалиутыл,
дӕ риутӕ мын сӕнӕфсиры цупӕлттӕ фестдзысты,
дӕ улӕфт та — фӕткъуыты хӕрздӕф,
10дӕ былты хӕрздӕф нуаздзынӕн сӕнау.
Чызг: — Уадз ацы сӕн мӕ былтӕй мӕ уарзонӕн йӕ комы ахъара!
11Ӕз мӕ уарзоны дӕн, уый мӕнмӕ бӕллы.
12Цом, мӕ уарзон, быдырмӕ дӕ хонын,
не’хсӕв хъӕуты арвитдзыстӕм,
13боныцъӕхтыл сӕндонмӕ ацӕудзыстӕм ӕмӕ фендзыстӕм,
фӕкъуыбар ис сӕнӕфсир ӕви нӕ,
мыййаг, кӕд дидин ракалдта гранат, —
мӕ рӕвдыдӕй дӕ бафсаддзынӕн уым.
14Мандрагорты хӕрздӕф хъары уӕлдӕфы,
нӕ къӕсӕры раз — алыхуызон диссаджы дыргътӕ,
зӕрӕдтӕ ӕмӕ ногтӕ.
Дӕуӕн сӕ бавӕрдтон, мӕ уарзон!
Copyright information for
OssIBT2022