Song of Solomon 8
Чызг: 1— Ехх, ме’фсымӕр куы фестис,мӕ ныййарӕг мад дӕ йӕ риуӕй куы схастаид!
Уӕд дын, уынджы фембӕлгӕйӕ, батӕ кӕнин,
ӕмӕ мыл ничи фӕхудид.
2Ӕрбакӕнин дӕ мӕ ныййарӕг мады,
мӕ хъомылгӕнӕджы, хӕдзармӕ.
Бафсадин дӕ, хъацӕнтӕ цы сӕныл конд ис, уымӕй,
мӕ гранаты донӕй.
3Йӕ галиу къух мын бакодта мӕ сӕры бын,
рахизӕй мӕ’рбатыхта йӕ хъӕбысы.
4О, Йерусалимы чызджытӕ, расомы кӕнут:
ма райхъал кӕнут, ма фӕхъыгдарут уарзт,
цалынмӕ йӕхи бафӕнда, уӕдмӕ!
Йерусалимы чызджытӕ: 5— Чи у уый, ӕдзӕрӕг быдырӕй чи ссӕуы,
йӕ къух йӕ уарзоны дӕлармы бакодта, афтӕмӕй?
Чызг: — Фӕткъуы бӕласы бын дӕ райхъал кодтон —
уым равзӕрди дӕ гуырдз,
уым рантыстӕ дӕ ныййарӕг мадӕн.
6О, макуы мӕ фӕхицӕн кӕн дӕ зӕрдӕйӕ,
о, де’нгуылдзыл мӕ къухдарӕнау бакӕн!
Уымӕн ӕмӕ уарзондзинад тыхджын у мӕлӕтау,
мӕрдтыбӕстау ӕгъатыр у зӕрдӕхсайд,
йӕ фӕттӕ пиллон артау судзынц!
7Уарзондзинад денджызы бын дӕр нӕ ахуысдзӕн,
цӕугӕдӕтты бын нӕ фӕдӕлдон уыдзӕн.
Йӕ хӕдзары ӕппӕт хӕзнатӕ уарзондзинадыл чи ива,
ууыл ӕрмӕст фӕхуддзысты.
Чызджы ӕфсымӕртӕ: 8— Нӕ хо чысыл у нырма, риуы хъӕр ыл нӕма ис,
курӕг ӕй куы фӕуа, уӕд цы кӕндзыстӕм?
9Кӕд сис у, уӕд ыл самайдзыстӕм ӕвзист галуантӕ;
кӕд дуар у, уӕд ӕй сӕхгӕндзыстӕм нӕзы фӕйнӕджытӕй.
Чызг: 10— О, сис дӕн ӕз, мӕ риутӕ та — мӕсгуытӕ,
йӕ хорзӕхы аккаг мӕ уымӕн скодта!
11— Соломонӕн Баал-Хамоны — сӕндон,
хъахъхъӕнджыты бӕрны йӕ бакодта.
Уыдонӕй йын алчидӕр йӕ дыргътӕн
хъуамӕ фида мин ӕвзист шекелы.
12Мӕнӕн мӕ сӕндон у мӕхи бар!
Мин ӕвзист шекелы дӕу фӕуӕд, Соломон,
фӕйнӕ дыууӕсӕдӕ шекелы та — дӕ сӕндондартӕн!
Лӕппу: 13— О дыргъдӕтты цӕрӕг!
Дӕ хъӕлӕсмӕ дын хъусынц де’мбӕлттӕ,
фехъусын ӕй кӕн мӕнӕн дӕр!
Чызг: 14— О, лидзгӕ кӕн, мӕ уарзон!
Хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ цы хӕхтыл зайынц,
уыдоны сӕрты саг кӕнӕ сычъийау азгъор!
Copyright information for
OssIBT2022