bРом 14:24.
Titus 1
1Павелӕй, Хуыцауы цагъар ӕмӕ Йесо Чырыстийы апостолӕй, нӕ иумӕйаг уырнындзинады ме’цӕг фырт чи у, уыцы Титмӕ. Ӕз ӕрвыст дӕн, цӕмӕй Хуыцауы ӕвзӕрстыты ӕрхонон уырнындзинадмӕ, ӕцӕгад базонынмӕ, Хуыцауы нымайынмӕ a 2ӕмӕ мыггагмӕйы цардыл зӕрдӕ дарынмӕ. Ахӕм цардӕй суанг дуне сфӕлдисыны размӕ ныфс бавӕрдта, Йӕ дзырд Чи нӕ сайы, уыцы Хуыцау, b 3фӕлӕ Йӕ зӕрдӕбавӕрд Фарны Уацы руаджы раргом кодта Йӕхи нысангонд ӕмгъуыды. Нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ мӕнӕн баргонд у уыцы Фарны Уац адӕммӕ хӕссын. c 4Ӕз фыссын Титмӕ, нӕ иумӕйаг уырнындзинады фӕрцы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Фарн ӕмӕ дын хорзӕх Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийӕ.Зонды ныхас Титӕн
5Криты дӕ уый тыххӕй ныууагътон, цӕмӕй куыст ахӕццӕ кӕнай кӕронмӕ ӕмӕ алы сахары аргъуанӕн дӕр сӕвӕрай, ӕз дын куыд бафӕдзӕхстон, ахӕм хистӕртӕ: 6алчидӕр сӕ хъуамӕ уа ӕнӕфау, иу усы мой, йӕ сывӕллӕттӕ уой уырнджытӕ, хӕлд ӕмӕ ӕгоммӕгӕсы дау сӕм ӕрхӕссӕн куыд нӕ уа. d 7Хуыцауы хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕгӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, ма уа къӕйных, мӕстыгӕр, расыггӕнаг, хылмондаг ӕмӕ кӕрӕф. e 8Уый хъуамӕ уа уазӕгуарзон, хӕрзгӕнӕг, хӕдӕфсарм, раст адӕймаг, Хуыцауыл ӕнувыд, хиуылхӕцгӕ, 9цы ӕцӕгады ныхасыл сахуыр, ууыл — иузӕрдион. Уӕд йӕ бон уыдзӕн раст ахуырадӕй иннӕты ныфс бауадзын, ныхмӕлӕуджытӕн бауайдзӕф кӕнын. f 10Уымӕн ӕмӕ ис, ӕнӕпайда ныхас чи кӕны ӕмӕ адӕмы чи фӕливы, бирӕ ахӕм хивӕндтӕ, уӕлдайдӕр сунӕтгӕндтӕй. g 11Ахӕмтӕн хъӕуы сӕ дзых сӕхгӕнын. Уыдон сӕ мӕнгахуырӕдтӕй ӕнӕхъӕн бинонты саразынц рӕдыд фӕндагыл, ӕмӕ сӕ уыцы ӕгады куыст арӕзт у сӕ дзыппытӕ дзаг кӕнынмӕ. 12Критӕгтӕн сӕхицӕй иу «пехуымпар» афтӕ загъта: «Критӕгтӕ рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр сты фӕлитойтӕ, саузӕрдӕ сырдтӕ, зивӕггӕнаг фыдгуыбынтӕ». 13Уыцы ӕвдисӕйнаг раст у. Уымӕ гӕсгӕ сын бауайдзӕф кӕн карзӕй, цӕмӕй раст уырнындзинадыл хӕцой 14ӕмӕ ма хъусой иудейаг аргъӕуттӕм ӕмӕ ӕцӕгад ныууадзӕг адӕмы амындтытӕм. h 15Сыгъдӕджытӕн ӕппӕт дӕр сыгъдӕг у; чи фӕчъизи ис, уыдонӕн ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕн та ӕппӕт дӕр у чъизи, уымӕн ӕмӕ сӕ зонд ӕмӕ сӕ цӕсгом фӕчъизи сты. i 16Уыдон дзурынц, Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ, афтӕмӕй Йыл сӕ митӕй сӕхи тигъ кӕнынц; сты цъаммар, хивӕнд ӕмӕ сӕ бон нӕу иунӕг хорз хъуыддаг саразын дӕр.
Copyright information for
OssIBT2022