‏ Acts 21:26-27

Павелы ӕрцахстой

26Уӕд Павел ахуыдта уыцы лӕгты ӕмӕ дыккаг бон семӕ ссыгъдӕг кодта йӕхи. Уый фӕстӕ бацыди Кувӕндонмӕ ӕмӕ фехъусын кодта, сыгъдӕг кӕныны бонтӕ кӕд фӕуыдзысты ӕмӕ уыдонӕй алкӕй тыххӕй дӕр нывӕндтӕ кӕд ӕрхастӕуыдзӕн.

27Уыцы авд боны куы фӕуд кодтой, уӕд асиаг иудейӕгтӕ Павелы федтой Кувӕндоны, сардыдтой йыл ӕппӕт адӕмы ӕмӕ йӕ ӕрцахстой.
Copyright information for OssIBT2022