‏ Revelation of John 3:11-20

11Ӕз рӕхджы ӕрцӕудзынӕн. Цы дӕм ис, ууыл фидар хӕц, цӕмӕй дын дӕ хӕрзиуӕг мачи байса. a 12Уӕлахиздзауы скӕндзынӕн Мӕ Хуыцауы Кувӕндоны астӕуккаг цӕджындз, ӕмӕ дзы никуыуал рацӕудзӕн. Ныффысдзынӕн ыл Мӕ Хуыцауы ном, уӕларвӕй, Мӕ Хуыцауӕй, чи ӕрцӕудзӕн, Мӕ Хуыцауы уыцы ног сахары — Йерусалимы ном ӕмӕ Мӕ ног ном. b 13Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“.

Фыстӕг Лаодикийы аргъуанмӕ

14Лаодикийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Аммен, иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ӕппӕт уыдоны Райдиан: c 15зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ. Ды нӕдӕр уазал дӕ, нӕдӕр тӕвд. О, фӕлтау уазал кӕнӕ тӕвд куы уаис! 16Тӕвд дӕр ӕмӕ уазал дӕр нӕ, фӕлӕ хъӕрмуст кӕй дӕ, уый тыххӕй дӕ Ӕз Мӕ дзыхӕй сӕппардзынӕн. 17Ды зӕгъыс, ӕз хъӕздыг дӕн, бирӕ мулк мӕм ис ӕмӕ ницы хъуаг ӕййафын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нӕ зоныс, мӕгуыр, кӕуинаг, гӕвзыкк, куырм ӕмӕ бӕгънӕг кӕй дӕ, уый. d 18Ӕз дын зӕгъын: арты чи ссыгъдӕг, ахӕм сыгъзӕрин балхӕн Мӕнӕй ӕмӕ схъӕздыг уай; ноджы ма балхӕн урс дарӕс, скӕн ӕй дӕ уӕлӕ ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинӕгтӕ мауал зыной. Цӕмӕй уынай, уый тыххӕй дӕр балхӕн хос Мӕнӕй ӕмӕ дзы дӕ цӕстытӕ байсӕрд. e 19Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл. f 20Мӕнӕ Ӕз дуармӕ лӕууын ӕмӕ хойын. Мӕ хъӕлӕс Мын чи фехъуса ӕмӕ дуар чи байгом кӕна, уымӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ йемӕ минас кӕндзынӕн, уый та — Мемӕ. g
Copyright information for OssIBT2022